Дыгъмурайы цæугæдоны сæрты фæндагон хиды демонтаж райдыдта, кæцыйы бæсты ног, æфсæнбетон хид уыдзæн, куыстытæ адаргъ уыдзысты фондз  мæйы
Дыгъмурайы цæугæдоны сæрты фæндагон хиды демонтаж райдыдта, кæцыйы бæсты ног, æфсæнбетон хид уыдзæн, куыстытæ адаргъ уыдзысты фондз мæйы

Хъæу  Дыгъомы   цæугæдон Дигъмурайы сæрты уæвæг фæндагон хиды демонтаж райдыдта.

Сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе йæ хæдивæг Ираклий Бенделианиимæ иумæ уыд бынатыл.

«Уæвæг хид ис æдзæллаг уавæры.Фыццаджы дæр уый демонтаж æрцæудзæн.Проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты тротуартæ, кæцытæ раздæр нæ уыдысты.Куыст ахæсдзæн фондз мæйы бæрц.Ацы рæстæджы дæргъы змæлд æмæ хъæлæбаимæ баст дискомфорт уыдзæн, фæлæ ацы хидæй пайдагæнæг хæдтулгæты æдасдзинад хынцгæйæ, проекты реализаци æнæмæнгхъæугæ уыд», -расидтис Къаладзе.

Ныртæккæ цы æфсæйнаг фæндагон хид ис, уый дæргъ у 64 метры, йæ бынаты та арæзт æрцæудзæн ног, æдас æфсæнбетон фæндагон хид. Куыст горæты инфраструктурæйы размæцыды службæ æххæст кæны, кæцыйы аргъ у цыппар милуан ларийы.