Двалишвили Мераб фæуæлахиз Умар Нурмагомедовыл æмæ бахъахъхъæдта UFC-йы чемпионы рон #1TVSPORT
Двалишвили Мераб бахъахъхъæдта UFC-йы супер рог уæзы чемпионаты рон. Калифорнийы уагъд мадзалы гуырдзиаг тохгæнæг фæуæлахиз Умар Нурмагомедовыл, кæцы Уæрæсейы номæй архайдта.
Нурмагомедов тохы фыццаг дыууæ раунды хуыздæр разынд, фæлæ Мераб Двалишвили æртыккаг раундæй фæбæрзонддæр кодта темп æмæ йæ ныхмæлæууæгæн æвæрццаг зындзинæдтæ сарæзта.
Цыппæрæм туры, Двалишвили ноджы активондæр ссис æмæ Нурмагомедовæн йæ бон ницыуал баци саразын Афтæ адарддæр ис фыццæгæм туры дæр, æмæ кæронбæттæны, тæрхонгæнджыты æмхъæлæсон æскъуыддзагæй гуырдзиаг уæлахиздзауæй расидтысты.
Двалишвили Мерабæн дæр йæ къухы бафтыд Жорж Сен-Пьеры рекорд фехалын, UFC-йы историйы сеппæтæй фылдæр, 92 хатт йæ ныхмæлæууæджы ныццавта.
Гуырдзиаг тохгæнæг ивгъуыд азы сентябры Шон О’Маллийыл фæуæлахизы фæстæ чемпионы титул рамбылдта æмæ йæ абон йæ карьерæйы фыццаг хатт бахъахъхъæдта.