Дунеон Банк рауæлдай кæндзæн 85 милуан евро Гуырдзыстоны кусæнуаттæ саразынæн æмæ пандемийæ зианбавзарæг компанитæн æххуысы нысанæн
Микро, лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæ, кæцытыл уæлæндæвд скодта «COVID-19»-ы пандеми, фендзысты пайда 85 млн евройы бæрц финансон æххуысæй, кæцыйы Дунеон Банкы æххæстгæнæг директорты совет абон сфидар кодта. Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны Дунеон Банкы минæварад.
Дунеон Банкы хъусын кæннц, ома микро, лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæн (MSMEs) æххуысы ног проекты нысан у кондадтæн къухацаразын æмæ куыстбынæтты сæвзæрын кæнын фæнысангонд фирмæтæн æххуысы программæтæ ауæрæхдæр кæнынæй æмæ стынг кæнынæй, афтæма Гуырдзыстоны экономикæйы дигитализаци баахъаз кæнынæй.
«Æххуысы ацы ног пакеты фæрцы, Дунеон Банк къух аразы куыстбынæттæ саразынæн æмæ кондадты райтынгæн, кæцы бæстæйы экономикæйы бындур æмæ сæйраг элемент у æнæфæцудгæ сæндидзын кæныны æрдгæй. Фæнысангонд йæ хъуыдыйы дары фирмæтæн æххуыс финансдзинад рæувадат скæныны æмæ финансон инфраструктурæйы инвестицитæ сæххæсты, кæцы ахъаззаг уыдзæн технологиты æрфидарæн æмæ цифрон финансон сервистæй пайдакæнынадæн», – райхъусын кодта Хуссар Кавказы Дунеон Банкы регионон директор Себастьян Молинеус.
Проект бæстæйы масштабæй баххуыс уыдзæн 6 000 микро, лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæн æмæ бизнес фервæзын кæныны шансытæ райрæзын кæндзæн, афтæма сбæрзонддæр кæндзæн продуктивон активон активтæ бахъахъхъæныны фадæттæ æмæ фирмæтæн баххуыс уыдзæн экономикæйы æмæ æнæнизхъахъъхæды æрдгæй уæвæг ног быцæусидтытæм адаптацийы.