Дунеон Банк – пандемиимæ баст рискытæ Гуырдзыстоны арфдæр кæнынц гендерон æнæмсæрад
Фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстоны фиппайд цæуы нысаниуæгджын экономикон рæзынад æмæ мæгуырдзинады фæкаддæр, фæлæ ацы процессы пайда æнæмбæрцæй адих ис нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты æхсæн, – уый фæдыл банысангонд у Дукнеон Банкы публикацигонд хыгъдлæвæрды «2020 азы Гуырдзыстоны гендерон аргълæвæрд» .
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны мæгуырдзинады бæрæггæнæн сылгоймæгтæн нысаниуæгджынæй ивы, кæцы баст у цы ахуырад сæм ис, уыимæ, бинонджын у æви нæ, æмæ социалон-демографион миниуджытимæ.
Хыгъдлæвæрды куыд у банысангонд, афтæмæй, гендерон æмсæрады цæстæнгасæй цы прогресс ис, уымæ нæкæсгæйæ, COVID-19-æй расайгæ кримзисы уавæрты бæстæ стагнацийы æмæ иуæй-иу сферæйы фæстæмæ змæлды рискы раз дæр ралæууыд.
«2020 азы Гуырдзыстоны гендерон аргълæвæрдмæ» гæсгæйæ, сылгоймæгтæн экономикон фадæттæ, нæлгоймæгтимæ абаргæйæ уый бæрц рæувадат не сты.
Гуырдзыстоны гендерон æнæмсæрад кусæн ресурсты хайады цæстæнгасæй, 19 процентон иуæгы бæрц у, мызды тыххæй куы зæгъæм, нæлгоймæгты мызд 16% бæрзонддæр у сылгоймæгты мыздæй, демографион æмæ фæллойады бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ», – хъусын кæны Дунеон банкы экономист Алан Фукс Тарловски.
Афтæма ацы иртæсæнмæ гæсгæйæ, COVID-19-ы пандемийы райдайыны фæстæ сылгоймæгтæ фылдæр уадзынц сæ куыст, нæлгоймæгтимæ абаргæйæ. Уымæй уæлдай ма, æндæр бæстæтау, арæнгонд бæрæггæнæнтæ фылдæр сты барьер Гуырдзыстоны гендерон тыхмидзинады (GBV) бацахуыры æмæ йыл реагир кæныны цæстæнгасæй. Рæувадат бæрæггæнæнтæ та амонынц, цæмæй слыгоймæгты 6 процент физикон æмæ/кæнæ сексуалон тыхмидзинад хатынц сæрмагонд партнеры æрдгæй. Арæх нæ цæуы гендерон тыхмидзинады фæдыл информацийы бадæттын фæнысангонд проблемæ аскуыддзаг кæнынæн уæвæг политикæ æмæ сервисты райтынгмæ нæкæсгæйæ.