Дунейы коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц фондз милуанæй ахызт. Æмбæлгæ бæрæггæнæнтæ публикаци кæн Джонс Хопкинсы университет.
«ВВС»-ы куыд банысан кодтой афтæмæй, вакцинацийы райдаын мæлынады бæрæггæнæн фæкаддæр кодта, фæлæ æнæнизхъахъхъæды сферæйы экспертты хай хъуыды кæны, цæмæй панемийы фстиуæгæн фæмардуæвджыты реалон нымæц, гæнæн ис бахыгъдгондæй бирæ бæрзонддæр уа.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы хъусинагæй, дунейы пандемийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц гæнæн ис официалон бæрæггæнæнтæй æртæхаттонæй фылдæр уа.
Уыимæ иуæй-иу бæстæты инфицирады æмæ фæмардуæвджыты цауты нымæц нырмадæр рæзы.
Официалон статистикæйæ АИШ-ы «Ковид-19»-ы амæттаг ссис 745 800-æй фылдæр адæймаг, кæцы дунейы сеппæтæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у.
Глобалон масштабæй рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 250 милуаны онг цау.