Дунейы  «COVID-19»-ы бæлвырд цауты  нымæц  16 милуанæй  ахызт
Дунейы «COVID-19»-ы бæлвырд цауты нымæц 16 милуанæй ахызт

Дунейы  «Ковид-19»-æй  инфицирады  16 милуанæй  фылдæр цау у  бæлвырд.

Джонс Хопкинсы  Университеты   бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   вирусы ахæлиуæй  абоны  онг, дунейы  «Ковид-19»-æй  амард   644  537  адæймаг, 9 262 520  та  схос кодтой.

Вирусы  ахæлиуы æмæ леталон   цауты   нымæцы æрдгæй фыццаг  бынатыл   ис  АИШ-æ, цы ран   «Ковид-19»-ы   4 178 027 бæлвырд  цау  у  фиксиргонд, амард 146 460 адæймаг.

Америкæйы фæстæ  цæуы   Бразили, цы ран фæрынчынуæвджыты   нымæц   2  милуанæй  ахызт. Милуанæй  фылдæр цау  сфиксир кодтой Индийы.