Дунейы чемпионаты æвзарæн тур | Гуырдзыстоны иугонд къорд фембæлдзæн Болгариимæ - комкоммæ æвдыст Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT
Дунейы чемпионаты æвзарæн тур | Гуырдзыстоны иугонд къорд фембæлдзæн Болгариимæ - комкоммæ æвдыст Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд футболон командæ 2026-æм азы Дунейы чемпионаты æвзарæн къордон этапы дыккаг матч Болгарийы æмбырдгонды ныхмæ Тбилисы «Динамо Аренайы» ахъаздзæн. Фембæлд 17:00 сахатыл райдайдзæн, комкоммæ æвдыст та Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æххæст кæндзæн.
Гуырдзыстоны æмæ Болгарийы æмбырдгондтæ историйы аст хатт хъазыдысты. Гуырдзыстон дыууæ хатт фæуæлахиз ис, дыууæ фембæлд фæцис æмдыхæй, Болгарийы командæ та цыппар хатт фæуæлахиз ис.
Нæ командæ йæ стырдæр уæлахиз рамбылдта Болгарийы командæйы ныхмæ 1995 азы, Евро-1996 æвзарæн этапы рæстæджы. Командæ, кæцы Дунейы чемпионаты цыппæрæм бынат бацахста, Тбилисы 2:1 хыгъдæй фæхæрд ис гуырдзиаг футболисттæй, голтæ та Шота Арвеладзе æмæ Гиорги Кинкладзе бакъуырдтой.
Афтæдæр нысаниуæгджын уыд Гуырдзыстоны æмбырдгонды 2022-æм азы нациты лигæйы дивизион С-ы Болгарийыл фæуæлахиз. Разграды уагъд фембæлды гуырдзиаг футболисттæ 5:2 хыгъдæй фæуæлахиз сты. Ацы къорды æнтыстджын хъазты фæстæ, Гуырдзыстоны æмбырдгонд ахызт плей-оффмæ æмæ фæстагмæ Евро-2024-ы кæронбæттæн этапмæ бацæуæн бынат сфидар кодта.