Дунейы чемпионаты æвзарæн тур футболæй | Гуырдзыстоны æмбырдгонд фембæлдзæн Испаниимæ – комкоммæ эфир Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT
Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд 2026-æм азы Дунейы чемпионаты æвзарæн къордон этапы æртыккаг матч горæт Эльчейы Испанийы æмбырдгонды ныхмæ ацæудзæн. Фембæлд 22:45 сахатыл райдайдзæн, комкоммæ æвдыст та Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æмæ Спорт Фыццаг Къанал сæххæст кæндзысты.
Гуырдзыстоны æмæ Испанийы æмбырдгондтæ историйы кæрæдзиимæ аст матч ахъазыдысты. Гуырдзыстоны æмбырдгондæн 2016-æм азы дунейы футболон гиганттæй сæ иуыл уæлахиздзинад баххæсыд – Мадриды уагъд хæларадон матчы, Торнике Окриашвилийы голæй Испанийы фæуæлахиз стæм.
Испани æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фæстаг фембæлд 2024-æм азы Европæйы чемпионаты 16-æм туры сырæзт.