Дунейы Банкъы финансгондæй Гуырдзыстоны райдаы ног проект –«Инноваци, инклюзивон ахуырад æмæ гъæд»
Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, културæйы æмæ спорты министр Михеил Чхенкели æмæ Хуссар Кавказы Дунейы Банкъы регионалон директор, Себастьян Моллинеус абон райхъусын кодтой ног проекты – «Инноваци, инклюзивон ахуырад æмæ гъæд» райдайыны фæдыл.
Ахуырады министрады информацийæ 102.7 милуан доллары аргъы проектæн йæ нысан у, Гуырдзыстоны адæймагон капиталы райрæзын кæнын, сколаагъоммæ ахуырад рæувадатдæр скæнын, хæрзгъæд ахуыры æмæ бæзгæ ахуырадон æрдз æрфидар кæныны фæндагæй.
Министр мадзалмæ бацæуæг æхсæнадмæ дзырдæй баздæхт æмæ фæныхас кодта фæстиуджытыл, кæцыты проект æрхæсдзæн ахуырады системæйæн.
Министр куыд радзырдта, афтæмæй, зæгъгæ Дунейы Банкъы къорды партнерады фæлгæт йæ хъуыдыйы дары Гуырдзыстонæн æххуыс æрдтæ ардæмадæй: инклюзивон рæзынады æмæ конкурентхъомад фæтыхджындæр кæнын, инвестирдзинад адæймагон капиталы æрдæм æмæ бæстæйы æнæфæцудгæдзинады фæхуыздæр кæнын.
«Фæнысангонд ардæмадтæ та дырысæй æмбæлгæ сты бæстæйы сæйраг домæнтæм»,- райхъусын кодта министр.
Хуссар Кавказы Дунейы Банкъы регионалон директор Себастьян Моллинеусы дзырдæй, Дунейы Банкъ разы у Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдимæ, баахъаз кæна фæсивæды рæзынад.
Ахуырады министрады информацийæ, иннæ æхсæз азы дæргъы проекты инфраструктурон компонент ифтонг кæны фондз ног скъолайы арæзтад, 60-ы бæрц уæвæг скъолайы реабилитаци, афтæма, скъоламæ бацæттæгонд сывæллæттыл фокусиргонд æмæ нырыккон скъолаагъоммæ ахуырады 150-йæ фылдæр программæйы æрфидар кæнын. Æмтгæй райсгæйæ проект пайдаджын уыдзæн скъолаагъоммæ кары æмæ иумæйаг ахуыргæнæндон скъолайы, зæгъæн ис, 116 000 ахуыргæнинагæн. Проект, афтæдæр ифтонг кæны гендерон æмсæрады принциптæй зын уавæры уæвæг къорды цæрджытæн (хъæуты æмæ уæлхох регионты ныллæг социалон-экономикон статус цы ахуыргæнинæгтæн ис уыдонæн), этникон къаддæрдæрты æмæ хъауджыдæргонд ахуырадон домæнтæ кæцы ахуыргæнинæгтæн ис уыдонæн æххуыс. Куыстбынæтты базарыл æркуырдмæ æмбæлон, ранæуæггонд академион программæтæн рауæлдайгонд 45-ы онг гранты фæрцы, проект афтæдæр баххуыс уыдзæн Уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæн.
Проекты, Дунейы Банкъы æххæсгæнæг директорты совет 2019 азы 29 майы сбæлвырд кодта æмæ финансдзинады бадзырд, уыцы азы 18 июны бафыста.