Дунейы банкъ - Коррупцийы контролæй æмæ фæткдæттынады эффективондзинадæй Гуырдзыстон историон максимуммæ бахæццæ ис
Коррупцийы кантролæй æмæ фæткдæттынады эффективондзинадæй Гуырдзыстон историон максимуммæ бахæццæ – ахæм бæрæггæнæнтæ ис Дунейы Банкы веб-фарсыл публикацигонд «Дунейы фæткдæттынады индикаторты».
Сæрмагондæй та коррупцийы кантролы æрдгæй 100%-ын шкалайыл Гуырдзыстоны баллтæ сты 77,4%, кæцы историон максимум у.
Гуырдзыстон екоррупцийы ныхмæ тохы æрдгæй, лидер бæстæты æхсæн ис æмæ ацы бæрæггæнæнæй йæ фæстæ фæуагъдта Евроцæдисы 13 паддзахад, цахæмтæ дæр сты Мальтæ, Польшæ, Чехи, Латви, Лиетувæ , Испани, Словакий, Итали, Хорвати, Венгри, Румыни, Греци æиæ Болгари.
Гуырдзыстоны позицитæ фæхуыздæр сты « регуляцийы гъæды дæр». Гуырдзыстон аргълæвæрды 100%-ын шкалайæ æрымбырд кодта 81,73% æмæ 2017 азы дунейы 38-æм бынатыл ис.
2012 азимæ абаргæйæ, Гуырдзыстоны позици ацы уынинагы 17 бынатæй фæхуыздæр ис. Регуляцийы гъæды индикаторы Гуырдзыстон хурыскæсæн Европæйы регионы Балтийы бæстиæтимæ иумæ у лидер. Уый афтæдæр йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæтæ, цахæмтæ дæр сты Испани(42), Португали (43), Польшæ (44), Итали (52), æмæ æндæр. Ацы индикатор аргъ кæны цæмæй цас хæрзхъæд сты, Гуырдзыстоны хицауад хицæн секторы рапарахтæн цы ахъаззаг политикæ уадзы æмæ куыд æххæст цæуы уый.
Гуырдзыстоны позицтæ фæткдаруаты эффективондзинады индикаторы дæр фæхуыздæр исю Бæстæ 72,12 баллæй 59-æм позици ахсы. АЦы цауы дæр Гуырдызстоны аргълæвæрд бахæццæ ис историон максимуммæ. АЦы уынинагæй Гуырдызстон йæ фæстæ фæуагъдта Венгрийы (63), Итали (64), Греци (71), Болгари (76), Серби (83), СОмихыстон )105), Азербайджан (111), Румыни (113) æмæ æндæртæ.
Закъоны Бæрзонддзинады индикаторы Гуырдызстон 78-æм позицийы ис 62,98%-æм, 2016 азы Гуырдызстон ахста 74-æм бынат.
Глобалон фæткдæттынады индикатортæ (World Governance Indicators) сты иртасæн бæрæггæнæнты базæ, кæцы æнæхъæнæй æнцой кæны æндæр æмæ æндæр глобалон рейтингтыл æмæ аргъгæндтыл (дæнц. Freedom House, IREX Media Sustainability Index, Open Budget Index, World Justice Project æмæ а.д. Æдæппæт 33).
Дунейы банкъы, «Дунейы фæткдæттынады индикатортæ», дунейы 200 бæстæйæн дæтты аргъ æхсæз ардæмадæй. Адон сты хиравдысты бар, политикон стабилондзинад æмæ тыхмийимæ тох, фæткдæттынады жэффективондзинад, регуляциты хъæд, закъоны сæйрагдзинад, коррупцийы кантрол.
Иртасæн пероиодмæ 1996 азæй 2017 азы банымадæй.