Дунейы Банк - коррупцийы кнтролы æрдгæй Гуырдзыстон, Дунейы Банкы уæнг189 бæстæйы нымæцы, Европæйы хуыздæр дыууыны æхсæн ис
Дунейы Банк публикаци скодта «Дунейы фæткдæттыны индикаторты» радон иртасæн, кæцыйы мидæг, Гуырдзыстон «Коррупцийы контролы» æрдгæй Дунейы Банкы уæнг 189 бæстæйы æхсæн Европæйы сегасдæр дыууыны æхсæн ис.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон рейтингы баллтæм гæсгæ. Йæ фæстæ фæуагъдта Евроцæдисы уæнг 13 паддзахады, Испани, Къипр, Польшæ, Чехи, Латви, Словаки, Итали, Мальтæ,Хорвати, Венгри, Греци, Румыни æмæ Болгарийы. Корруцийы контролы æрдгæй Гуырдзыстон лидер у регионы, постсоветон тыгъдады та хуыздæр бæрæггæнæн æрмæст Эстони æмæ Лиетувæйæн ис.
Дунейы фæткдæттынады индикатортæ» æнцой сты дæсгай масштабон иртасæныл æмæ Дугейы акæнæг иртасæг центрты квалифициргонд экспертизæйыл, аргълæвæрды æмæ рейтингтыл, кæцыты нымæцы фæнысан кæнын хъæуы æхсæнадæмон рухсдзыддзинады специалон иртасæн «Коррупцийы глобалон барометр» (Global Corruption Barometer), æхсæнадæмон бюджетон партнерады «æргом бюджеты индекс» (Open Budget Index), дунейы расттæрхоны «законы сæйрагдзинады индекс» (Rule of Law Index), Freedom House-ы хыгъдлæвæрд æмæ нд. Фæнысангонд бæрæггæнæнтæ сæхи æрдгæй æнцой сты иртасæг институтты æмæ центрты, æнæхицауадон æмæ æхæнадæмон организациты, афтæма хицæн секторы минæвæртты рафарсты фæстиуæгæн райсгæ хъуыдытæ æмæ аргълæвæрдтыл.