Мераб Двалишвили Нью-Джерсийы UFC 316-ы супер рог уæзы дивизионы чемпионаты тохы америкæйаг Шон О’Маллийы фæуæлахиз ис æмæ йæ рон бахъахъхъæдта.
Тохы хайад иста АИШ-ы президент Дональд Трамп. Уæлахизы фæстæ йæм Двалишвили схызт, арфæйы ныхæстæ райста æмæ къам систа.
Чемпионаты титул Мераб Двалишвили ивгъуыд азы сентябры рамбылдта, Шон О’Маллийы фæуæлахизы фæстæ, æмæ йæ абон йæ карьерæйы дыккаг хатт бахъахъхъæдта. Фыццаг хатт афтæ сарæзта, январы Умар Нурмагомедовыл куы фæуæлахиз, уый фæстæ.