Дональд Трамп та фæстæмæ райдыдта ныхас кæнын Мексикæимæ сисы саразыны тыххæй
Дональд Трамп та  фæстæмæ  райдыдта  ныхас  кæнын Мексикæимæ сисы  саразыны тыххæй

Америкæйы  иугонд штатты   президент  Дональд Трамп,  Мексикæимæ   сисы арæзтады æнæмæнгхъæуындзинадыл та ныхас кæны.

«Мах хъуамæ срæвдз кæнæм   æдасдзинад   иттæг  тæссаг  хуссары арæныл.  Хъуамæ самайæм  стыр сис, уый тыххæй  цæмæй,   бауромæм  наркотикты  массон   трафик  нæ бæстæмæ»-  фыссы Трамп  микроблог Твиттеры.

Мексикæимæ  сисы самайын  Дональд Трампы  сæйраг ныфсæвæрд уыд æвзæрстыты агъоммæ.  Трамп хъусын кæны,  цæмæй  аргъы хъуамæ бафида Мексикæ.  Латинаг  Америкæйы  бæстæтæ,  къулы  арæтады финансдзинадыл  категорионæй  нæ разы кæнынц.