Дональд Трамп сиды Ираны гæрзифтонг тыхтæм – хъуамæ æруадзат  уæ хæцæнгæрзтæ æмæ райсдзыстут æххæст иммунитет, науæд,  уæм æнхъæлмæ кæсы æнæмæнг мæлæт
Дональд Трамп сиды Ираны гæрзифтонг тыхтæм – хъуамæ æруадзат  уæ хæцæнгæрзтæ æмæ райсдзыстут æххæст иммунитет, науæд,  уæм æнхъæлмæ кæсы æнæмæнг мæлæт

АИШ-ы президент Дональд Трамп расидтис, цæмæй АИШ Ираны ныхмæ æфсæддон архæйдтытæ райдыдта.

Трамп Иранмæ æрсидтис йæ хæцæнгæрзтæ æрæвæра æмæ йæхи радта.

«АИШ-ы æфсæддонтæ æрæджы райдыдтой масштабон æфсæддон операци Ираны. Нæ нысан у бахъахъхъæнын Америкæйы адæмы, аиуварс кæнгæйæ Ираны режимы æввахс тæссагдзинад, тынг æгъатыр æмæ тæссаг адæмы къорд. Сæ тæссаг архайдтытæ хæссынц комкоммæ тæссагдзинад АИШ-æн, нæ æфсæддонтæн, нæ базатæн фæсарæнты æмæ æппæт дунейы.

Азты дæргъы Ираны режим хъæр кодта «Америкæйæн мæлæт», æнæкæрон тугкалд æмæ массон лæгмарды кампани уагъта АИШ-мæ, нæ æфсадмæ, нæ æнæаххос адæммæ æмæ бирæ бæстæтæм», — загъта АИШ-ы президент.

Уыимæ иумæ, Дональд Трамп банысан кодта, цæмæй æфсæддон операцийы нысан у Ираны атомон программæты скуынæг кæнын.

«Ацы террористон режимæн никуы уыдзæн атомон хæцæнгарз.Ногæй йæ зæгъын: атомон хæцæнгарз сæм никуы уыдзæн» – расидтис Трамп.

АИШ-ы президент Исламы Революцион Гвардийы Корпусы æмæ гарзджын тыхты раз раныхас кодта.

«Хъуамæ æрæвæрат уæ хæцæнгæрзтæ æмæ райсдзыстут æххæст иммунитет, науæд, альтернативæйæ, æнæмæнг мæлæт æрцæудзæн» – райхъусын кодта Дональд Трамп.