Ормузы донкъубал гом кæны æмæ наутæ фæстæмæ здæхынц – уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп расидтис. Трамп фарстайы фæдыл фылдæр детæлттæ нæ ратта. Уымæй дарддæр ма, АИШ-ы президент расидтис, цæмæй хæст кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ АИШ-æн йæ бон у Иранимæ «стыр бадзырд» саразын. Дональд Трампы ныхæстæм гæсгæ, «Иранæн ядерон хæцæнгарз куы раттай, уæд дуне срæмыгъд уыдзæн». АИШ-ы президент 2015 азы Ираны атомон бадзырд схуыдта «æппæты æвзæрдæр бадзырд». Уый загъта, зæгъгæ, ивгъуыд азы АИШ Ираны атомон объекттыл бомбæтæ куы нæ ныппырх кодтаид, уæд Иран атомон хæцæнгарзæй спайда кодтаид Израилы, йæ æввахс скæсæйнаг сыхæгты æмæ АИШ-ы ныхмæ. Уымæй дарддæр ма, Дональд Трамп хъусын кæны, зæгъгæ, Китай Иранæн хæцæнгæрзтæ кæй ифтонг кæны, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæ куы байхъуыста, уæд фыстæг ныффыста бæстæйы президент Си Цзиньпинмæ æмæ йæ куырдта, цæмæй афтæ ма бакæна. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Си Цзиньпин йæ дзуаппон фыстæджы «бындуронæй» загъта, цæмæй Китай афтæ нæ аразы. Бензины æргътæм та цы хауы, АИШ-ы президент зæгъы, цæмæй хæст куы фæуа, уæд зынгæ фæкъаддæр уыдзысты. Уымæй уæлдай ма зæгъы, зæгъгæ, хæсты фæстæ электрон тыхы æргътæ дæр æрхауддзысты