Дональд Трамп – мах баззайдзыстæм Венесуэлæйы, цалынмæ нын æдас, æгъдауджын æмæ æмбæлон  рæстæг ма æрлæуа
Дональд Трамп – мах баззайдзыстæм Венесуэлæйы, цалынмæ нын æдас, æгъдауджын æмæ æмбæлон  рæстæг ма æрлæуа

АИШ-æ хицауиуæг кæндзæн Венесуэлæйы, цалынмæ æдас, фæткæвæрд æмæ æмбæлон ивæндзинад нæ сырæздзæн – уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп расидтис.

«Уæдæ мах нæ фæнды, цæмæй æндæр исчи бацæуа æмæ ахæм уавæр сырæза, кæцы  уыд фæстаг цалдæр азы. Мах ныр стæм уым.  Ам уыдзыстæм, цалынмæ ма  уа æмбæлон ивд», — расидтис Трамп.

АИШ æмæ Венесуэлæйы æхсæн «партнердзинад» Венесуэлæйы адæмы «дидинæфтыд, хæдбар æмæ æдас» кæндзæн.

Трамп, Мадуройы схуыдта «æнæзакъонон диктатор», кæцы аххосджын у АИШ-мæ «мæлæтдзаг æнæзакъонон наркотикты стыр бæрц» æрбаласты тыххæй.

Дональд Трамп расидтис, цæмæй АИШ цæттæ у Венесуэлæмæ дыккаг «бирæ стырдæр» бабырст саразынмæ, куы бахъæуа, уæд.