Дональд Трамп къух бафыста АИШ-ы хъахъъхæнынады авторизацийы актыл, кæцыйы мидæг Гуырдзыстон, АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнерыл нымад цæуы
Дональд Трамп АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы актыл (FY19NDAA) рафыста къух. Гуырдыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, нысаниуæг у уый æмæ акты ныффыстмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон, Европæйы æдасдзинады контексты, Сау Денджыз æмæ Балтийы бæстæтимæ иумæ, нымадмæ ист цæуы АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнерæй.
Уагдоны хъусинагæй, хъахъхæнынады авторизацийы акт бæрæг кæны 2019 фискалон азмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады департаменты бюджеты приоритеттæ.
«Закъоны с#1248 дæл сæр, Европæйы Уæрæсейы агрессийы бауромынмæ æххæссы (SENSE OF SENATE ON ENHANCING DETERRENCE AGAINST RUSSIAN AGGRESSION IN EUROPE). Ацы скуыддзагы банысангонд у, цæмй НАТО-имæ ъкуындæг координацийæ, Европæйы АИШ-ы æмцдисонты æмæ партнерты хæдиргъæфхъомад сбæрзонддæр кæнын, АИШ-ы националон инетерс у æмæ лæккад кæны цæгат-атдантикон бдзырдæй лæвæрд хæсты сæххæстмæ, кæцы йæхи æрдгæй у Уæрæсейы агрессийы бауромынæн комплексон стратегий. Фæнысангонд сæры мидæг ис Гуырдзыстонимæ баст нысаниуæгджын æрвитæггæгтæ дæр.
Сæрмагондæй та, документы мидæг банысангонд у, цмæй Европæйы АИШ-ы æмцæдисонты æмæ партнерты фæтхыджндæр кæнынæн, АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар, падздахадон нымæрдаримæ æмæ Европæйы АИШ-ы сæрдарадимæ координиргондæй, хъуамæ баахъаз кæны Гуырдзыстонæн æдасдзинады сферæйы нысаниуæгджын æххуыс,у ый нымæцы хииргъæвæн леталон фæрæзтæй, кæцы фæтыхджындæр кæндзæн Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад æмæ фæхуыздæр кæндзæн НАТО-ы тыхтимæ æмбынатидзинад.
Уыйимæ иумæ ма, закъон сиды администраицмæ бакуса æмæ сæххæст кæна æдасдзинады сферæйы æмгуыстады æппæтылæххæссæг стратегий, кæцы æххæссы Европæйы АИШ-ы æмцæдисонты æмæ партнертæн, сæрмагондæй Уæрæсейаг агрессийы æмæ зианхæссæг æндæвдады нысанмæ ист бæстæтæн æххуысмæ.
Документ афтæдæр хахх кæны Гуырдзыстон æмæ Украинæйы хайадæй, Сау денджызы НАТО-йы æмæ æндæр мирæнацион ахуыртæ ауадзыны арæхады, масштабы ææ сценариты ауæрæхдæр кæныны нысаниуæг.
Закъоны мидæг фиксиргонд к НАТО-йы «гом дуары» политикæйы, уый нымæцы Гуырдызстоны НАТО-йы уæнгсуæвынæн фарс рахæцын.
Закъондæттæн æмвæзадыл Гуырдзыстоны националон интересты æмæ æдасдзинады темæты зæрдыл бадарын ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстонимæ баст фарстаты нысаниуæг, АИШ-ы администрацийы политикъон боны фæткъы» – банысангонд у Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.