Дональд Трамп Йенс Столтенбергæй, телефонон ныхасы рæстæджы Æввахс Скæсæны НАТО-ы роль фæактивон кæнын æркуырдта
АИШ-ы президент Дональд Трампы æмæ НАТО-ы генералон нымæрдары Йенс Столтенбергы æхсæн телефонон ныхас сырæзт. Альянсы официалон веб-фарсыл публикацигонд прессрелизы куыд дзæрдæуы уымæ гæсгæйæ, Дональбд Трамп æмæ Йенс Столтенберг, Æввахс Скæсæны айтынггонд фæзындтæ афæлгæстой. Уыдон фæуынаффæ кодтой сырæзт ситуацийы æмæ регионы НАТО-ы ролы тыххæй.
Ахæлиугонд прессрелизмæ гæсгæ, АИШ-ы президент Йенс Столтенбергæй æркуырдта, цæмæй Æввахс Скæсæны Нато активондæр роль сыххæст кæна. Уыдон æрныхас кодтой, цæмæй НАТО-йæн йæ бон у регионон стабилондзинады æмæ æхсæнаæдамон терроризмы ныхмæ тохмæ йæ хайбавæр фæфылдæр кæна. Трамп æмæ Столтенберг афтæдæр бадзырдтой, цæмæй фæнысангонд фарстайыл уыдзысты æнæаскъуынгæ контактыл.
Цæгат-атлантикон альянсы банысан кодтой, цæмæй Иракы æмæ Афгъанистаны, НАТО ахуыргæнæн мисситæй æмæ куыд «Исламы Паддзахады» ныхмæ архайæг глобалон коалицийы уæнг, раздзог роль æххæст кæны æхсæнадæмон терроризмы ныхмæ тохы.