Дональд Трамп – ис нæм план, сабырадмæ бахæссыны фæндаг, Зеленский ууыл хъуамæ  сразы уа
Дональд Трамп – ис нæм план, сабырадмæ бахæссыны фæндаг, Зеленский ууыл хъуамæ сразы уа

Зеленскийы  æвзарæн саразын   бахъæудзæн – уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп журналистты фарстытæн дзуапп дæтгæйæ расидтис, цыран Нью-Йоркы æвзæрст мэр Зохран Мамданиимæ фембæлд.

Цалдæр фарста уыд АИШ-ы 28 пунктон планы фæдыл, кæцыйы нысан у Украинайы хæсты фæурæд.

“Махæн ис план. Уыцы хæст ма хъуамæ æрцыдаит æмæ нæдæр æрцыдаит æз куы уыдаин президент. Тынг худинаг. Хъуамæ дагъддæр архайдаиккой, фæлæ ныр тызмæг зымæг у æмæ стыр энергетикон станцæтыл бабырстытæ цæуы. Махæн ис сабырадмæ бахæссыны фæндаг. Зеленски сразы уыдзæн ууыл. Хъыгаг у, æрмæст ивгъуыд мæй 25 000 æфсæдтон фæмард. Дыгкаг дунеон хæсты фæстæ нал уыд. 6-7 мин æфсæдтон мæлы дыууæ фарсæй дæр. Хъуыды кæнын баввахс стæм хæсты фæудмæ, фæлæ мын прогноз саразыны  фæндон нæй” -расидтис Трамп.