Дональд Трамп Гиорги Гахариайæн – америкаг адæмы  номæй уын, зæрдиагæй  арфæ  кæнын  Хæдбардзинады бон
Дональд Трамп Гиорги Гахариайæн – америкаг адæмы номæй уын, зæрдиагæй арфæ кæнын Хæдбардзинады бон

Америкæйы Иугонд Штатты   президент  Дональд Трамп   Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариамæ,  Хæдбардзинады бонмæ гæсгæ  арфæйы  фыстæг  æрвиты.

Аиш-ы  президент Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгмæ  æрвыст арфæйы  фыстæджы  бахахх кодта  дæсгай  азты  дæргъы   АИШ-ы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фидар  партнерад, кæцы  иумæйаг хæзнатыл  æмæ  интерестыл бындурæвæрд у.

«Зынаргъ  премьер-министр! Америкаг  адæмы номæй уын зæрдиагæй   арфæ  Хæдбардзинады бон – 26 май!  Дæсгай   азты дæргъы  АИШ-ы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фидар  партнерад, кæцы  иумæйаг хæзнатыл  æмæ  интерестыл бындурæвæрд у. АИШ  бæрзонд аргъ æмæ  цыт кæны   Гуырдзыстоны  иргъæфхъомады æрдæм  тыхайрхайдæн, уый нымæцы   нысаниуæгджын хайбавæрдæн  НАТО-йы миссийы, кæцыйы фæлгæтты   гуырдзиаг хæцджытæ, америкаг æмæ НАТО-йы тыхтимæ иумæ  службæ  кæнынц.  Бæлвырд кæнын не рдгæй  хъæддых  æххуыс  æмæ æцойад  Гуырдзыстоны   суверенитет æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй  нымад арæнты. Дарддæр  кæндзыстæм  Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ  æххуыс  НАТО-мæ  фæндагыл.  Нæ партнерад   дарддæр кæны, абон  æмкуыст кæнæм  коронавирусы   прецедент цæмæн нæй ахæм глобалон   пандемиимæ  тохы.Хъæддых йæ фарс хæцæм  Гуырдзыстонæн  демокративон  æмæ  экономикон  рæзынады  хъуыддаджы, кæцы  бындуронæй  нысаниуæгджын  у  евроатлантикон  интеграцимæ  гуырдзиаг адæмы тырнынад сæххæст кæнынæн. Æнхъæлмæ кæсын  уемæ мæкуыст кæнынмæ, цæмæй  баххуыс  уæм Гуырдзыстоны  демокративон институтты  консолидацидзинады æмæ   политикон плюрализмы  фæфидары, зæкъоны сæйрагдзинад фæтынгдæр кæныны, кæцыйы æнцой  у  хæдбар   тæрхондон, афтæдæр  – экономикæйы  диверсификацийы. Зæрдиагæй  арфæ   кæнын  гуырдзиæгтæн,  фæрнæйдзаг, æнтыстджын  æмæ æдас  фидæн уын куыд уа  уый  уын зæгъы  мæ зæрдæ» –  дзырдæуы Дональд Трампы  арфæйы.