Дональд Трамп «Гæды ныхæстæ парахатгæнæг информацион æрмæджыты» премийы уæлахизгонд схуыдта
Дональд Трамп «Гæды ныхæстæ парахатгæнæг информацион æрмæджыты» премийы уæлахизгонд схуыдта
АИШ-ы президент Дональд Трамп «Гæды ныхæстæ парахатгæнæг информацион æрмæджыты» премийы фæуæлахизгонд схуыдта. Уый фæдыл Дональд Трамп Twitter-ы сæрмагонд веб-фарсыл ныффыста.
«Æнæкæсгæ тынг корумпиргонд æмæ æнæраст тыгъдадмæ, ис иттæг хорз репортертæ дæр, кæцытæн æз стыр кад кæнын, парахат кæны хорз информацитæ, кæцытæй америкаг адæм сæрыстыр сты» -банысан кодта Трамп.
«Гæды ныхæстæ парахатгæнæг информацион æрмæджыты» премийы фыццаг бынатыл ис – New York Timesы журналист Пол Кругман, кæцы ныфффыста цæмæй АИШ-ы экономика йæ къахыл никуы уал слæудзæн.
Дыгкаг бынатыл АВС-ы журналист Брайан Рос, æртыгкаг бынатыл та CNN ис.
Афтæ дæр номхыгъдмæ бахаудысты – Time, Washington Post æмæ Newsweek.