Дональд Трамп æхсæзæм январы йæ фарсылхæцджытæм стыр æмбырды фæдыл басидтис
Дональд Трамп æхсæзæм январы йæ фарсылхæцджытæм стыр æмбырды фæдыл басидтис

Дональд Трамп æхсæзæм январы йæ фарсылхæцджытæм стыр æмбырды фæдыл басидтис

АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ фарсылхæцджытæм, æхсæзæм январы  стыр æмбырды фæдыл басидтис.

Трамп социалон хыз «Твиттеры» ныффыста, æмбырд Вашингтоны кæй сырæздзæн.

АИШ-ы президенты фарсылхæцджытæ æвзæрстыты фæстиуджытыл нæ разы кæнынц.

Æхсæзæм январы АИШ-ы конгресы сенат æмæ бæрнонады палатæ официалонæй хъуамæ сбæлвырд кæной 14 декабры уагъд æвзарæнон коллегийы халæппæрсты фæстиуджытæ.