Дохтыр Элене Гиоргадзе – Михеил Саакашвилийы уавæр стабилон у, ницы фæкарз ис
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы инициативæйæ арызт медицинон консилиумы уæнг, дохтыр Элене Гиоргадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр стабилон у.
Гиоргадзе куыд банысан кодта афтæмæй, æнæхъъæн боны дæргъы Гиорги Абрамишвилийы номыл хъахъхъæнынады министрады æфсæддон госпиталы уыдис æмæ Саакашвилийы уавæрмæ дартта йæ цæст.
«Адæймаг нæхæргæ протест куы ныууадзы, уæд фыццаг æртæ бон нымад цæуынц критиконæй. Стæй ма ноджы дыууæ бон хъæуы стыр хъусдард. Абон у дыккæгæм бон Михеил Саакашвили нæхæргæ протест кæй ныууагъдтæ уырдгæй. Æнæхъæн бон ам уыдтæн. Бон арвыстам сабырæй, йæ уавæр у стабилон. Знон йын йæ давлени уыд æнæстабилон, фæлæ абон стабилон у æмæ нæ нал бахъуыд препараттæ раттын. Абон ам ис йæ сæрмагонд дохтыр, кæцымæ ис бирæ фылдæр бартæ информаци раттынæн. Дохтыртæн ацы процессы хайад чи исæм, нæй нын бар деталони информаци раттын йæ анализты тыххæй. Уый бар ис æрмæст йæ сæрмагонд дохтырæн» райхъусын кодта Элене Гиоргадзе.
Уый ма бафтыдта: «Фыццаг бонæй дохтыртæм пациенты ахаст у диссаг, тынг цыт нын кæны æмæ æцæгдæр мын иу хатт дæр нæ фæзын ис йемæ коммуникаци. Сæйраг у адæймагæн бамбарын кæна, цæмæн хъæуы бæрæг процедурæ ауадзын, æмæ стæй йæ зæрдæмæ куы нæ цæуа, уæддæр дæм байхъусдзæн. Уый у тынг нысаниуæгджын, уымæн æмæ пациент дын куы нæ комы, уæд бирæ зындæр у йæ уавæр рараст кæнын».