Дмитрий Песков -  Гуырдзыстоны цæугæ æфсæддон ахуыртæй бæрæг у, цæмæй  НАТО-ы æфсæддон  инфраструктурæ æнæрмæст  нæ арæнты алыварс лæууы, фæлæ ма  нæ арæнтæ агайы
Дмитрий Песков - Гуырдзыстоны цæугæ æфсæддон ахуыртæй бæрæг у, цæмæй НАТО-ы æфсæддон инфраструктурæ æнæрмæст нæ арæнты алыварс лæууы, фæлæ ма нæ арæнтæ агайы

Гуырдзыстоны цæугæ  æфсæддон ахуыртæ  «Хъæддых ныфс 2021»  ноджы иу  бæлвырдгæнæн у, цæмæй НАТО-ы æфсæддон  инфраструктурæ  æнæрмæст  нæ арæнты алыварс лæууы, фæлæ ма  нæ арæнтæ агайы, –  райхъусын кодта   Уæрæсейы президенты  пресс-спикер  Дмитрий Песков.

Кремлы  минæвар  загъта, цæмæй  ацы фарст зæгъгæ  Уæрæсейы  æрдгæй  тынг серьозон мониторингы дæлбар хауы.

«Сæйраг у  цæмæй  нæ  хæсджы кæны  нæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн мадзæлттæ райсын.   Ай у уыцы фарст кæцыйыл президент,  хъахъхъæнынады министр æмæ нæ минæвæрттæ  бирæ хатт фæныхас  кодтой  æмæ  бирæ  æндæр æмæ æндæр æмвæзадыл. Цæй зæгъын æй хъæуы, махæн иттæг нысаниуæгджын у,  цæмæй  ахæм  сценаритæн сæ нысан ма уа  исты  сусæг  архæйдтытæ нæ  бæстæйы ныхмæ. Ахуырты  сценаритæ  НАТОзйы  мыхуыр кæнынц æмæ альянс  не мбæхсы,  чи сын у  сæйраг знаг уый», – банысан кодта Песков.

Æфсæддон ахуырты  Азербайджаны  хайады  тыххæй,   Уæрæсейы  президенты прес-спикер  райхъусын кодта, цæмæй Азербайджан зæгъгæ суверенон  бæстæ у  æмæ Уæрæсе  аргъ кæны  семæ  партнерадæн.