Дипломативон корпус - фауæм тыхмион лæбурдтытæ æмбæстагон активисттæм, æхсæнады уæнгтæм æмæ журналисттæм, афтæма хицауады лидертæ æмæ аргъуанархайæг уæнгтæ ацы тыхмидзинад кæй нæ бафаудтой уый
Гуырдзыстоны фæсарæйнаг дипломативон корпус Тбилисы абон айтынггонд фæзындты фæдыл хæлиу кæны фидиуæн. Фидиуæны социалон хызщæгты публикаци скодта Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæварад.
«Австрийы, Болгарийы, Эстонийы, Евроцæдисы цæстдарæг миссийы, Финляндийы, Францы, Германийы, Грецийы, Ирландийы, Израилы, Италийы, Латвийы, Лиетувæйы, Нидерландты, Норвегийы, Испанийы, Швецийы, Иугонд Падзахады, ИНО-йы системæйы Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты минæварады æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады иумæйаг фидиуæн Тбилисы сыххæст тыхмидзинады фæдыл.
Фауæм абоны тыхмион лæбурд æмбæстагон активисттæм, æхсæнады уæнгтæм æмæ журналисттæм афтæдæр, хицауады лидерты æмæ аргъуанархайæг уæнгтæ ацы тыхмидзинад кæй нæ бафаудтой уый. Сабыр æмбырды хайад райсыны бар гарантиргонд у Гуырдзыстоны конституцийæ. Тыхмидзинад, нæрайсгæ у æмæ йын сраст кæнын гæнæн нæй. Уый чидæриддæр цырын кæны кæнæ æртхъирæн кæны тыхмидзинадæй, кæнæ тыхми кæны, кæнæ хъыг дары Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнджыты сабыр æмæ æдас уавæр сфитонг кæнын. Уыдон тæрхондоны раз хъуамæ лæвæрд æрцæуой дзуаппмæ, законы сæйрагдзинад хъахъъхæнгæйæ. Курæг стæм гуырдзыстоны алы лидерæй æмæ барадхъахъхъæнæг уагдæттæй архайæт æнæаргъæвгæйæ æмæ бахъахъхъæнæт уыцы æмбæстæгты, кæцытæ пайда кæнынц æмбырды æмæ дзырды конституцион бартæй, бахъахъæнæт журналистты, кæцытæ архайынц сæрибар прессæйы принциптæм гæсгæйæ æмæ æхсæнады раз бафауæт тыхмидзинад» – банысангонд у иуæмæйаг фидиуæны.