Парламентон оппозицийы  хай уæлрадон сесси снысан кæныны æркуырдæй иумæйаг фидиуæн  аразынц
Парламентон оппозицийы хай уæлрадон сесси снысан кæныны æркуырдæй иумæйаг фидиуæн аразынц

Парламентон  оппозицийы хай иумæйаг фидиуæн  публикаци кæнынц.

Фидиуæны  къухвбафысджытæ уæлрадон сесси снысан кæнын  домынц.  Уыдон  нымайынц, ома  уæлрадон сесси  у   деполяризацийы æрдæм   арызт реалон къахдзæф.

Фидиуæны  авторты  дзырдæй,   уæлрадон  сессийыл каст хъуамæ уа  конституцион ивддзинæдтæ,   проект  «Наицоналон антикоррупцион  агентады фæдыл»  ивддзинæдтæ   закъоны «Иуæймаг тæрхондæтты Фæдыл».

«Нæ бавдыст  бонвæтк у  12  ссыххæст кæнинаг разæууæлæй  æртæ ардæмады фæдыл (политикон поляризаци кæрон скæнын, сифтонг уа  тæрхонон системæйы  æмтгæйон æмæ æцæг  хæдбарад,  антикоррупцион  агентады саразы  æмæ  элитон коррупцийы цаутыл фæдагуырд ауадзын).  Нæ бавдыст  бонвæткы  уыппардæр фарста  нырид инциргонд  сты  Гуырдзыстоны парламенты,  æнцойæвæрд у  19 апрелы  документы сæйраг  аппыл, кастгонд æмæ  разыгнонд у æнæхицауадон ескторимæ  æмæ йæм ис  нæ  ныгуылæйнаг партнерты  æмæ æхсæнадæмон   организациты  æвæрццаг  аргълæвæрд», – дзырдæуы  фидиуæны.

Автортæ  сидынц  фылдæртæм,  баиу  уæд  уæлрадон ессийы  куыстмæ.

«Науæд та, уый уыдзæн уæ  политикон люстраци  æмæ уый  æргом демонстраци, ома  сымахæн,  Гуырдзыстоны националон интерстæ æмæ Европæмæ интеграци нæ фæлæ, сæйраг у   уæ хицаудзинад ма фесафын, фæнды Гуырдзыстоны  паддзахадон интерестæн  знаггады  аргъæй», –  банысангонд у фидиуæны, кæцыйыл къух фыссынц,  парламентон оппозицион партитæ: «Иугонд Националон Змæлд», «Лело», «Республикаг парти»,  «Гуырдзыстоны тыххæй», «Стратегиа Агъмашенебели», афтæма  хæдбар  депутаттæ: Армаз Ахвледиани, Шалва Шавгулидзе, Тамар Чрквиани, Тамар Кордзаиа, Саломэ Самадашвили, Давит  Бакрадзе.