Димитри Шеварднадзейы номыл националон галереяйы Джорджо де Кирикойы куыстыты равдыст байгом ис
Димитри Шеварднадзейы номыл националон галереяйы метафизикъон нывкæнынады бындурæвæрæг Джорджо де Кирикойы (1888-1978) куыстыты равдыст байгом ис. Равдыстмæ – «Эзотерик де Кирико. Дыууæ дунейы æхсæн бæлццон» – æвзæрст æрцыд 1920-1970 азты æхсæн фæлдыст йæ фынддæс ныв.
Равдысты байгомыл Гуырдзыстоны президент æмæ Гуырдзыстоны Италийы минæвар уыдысты.
«Тынг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн, ам кæй цæуы уагъд Европаг æмвæзады равдыстытæ. Ай у уыцы æмвæзад, кæцыйыл амбæлдзыстæм паризы, Берлины, Ром æмæ æндæр сæйраг сахарты. Мах сæблвырд кодтам нæ цивилизацийæ æмæ нæ ивгъуыдæй, цæмæй Европæйы хай стæм æмæ нæм ис уыцы культурон æмвæзад, кæцыйы руаджы уыдонæй нæ афæстиат уыдзыстæм» -райхъусын кодта равдыста аргълæвæрды рæстæджы Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили.
Сюрреализмы иуæй-иу стырдæр разæууæлæй де Кирикойы метафизикъон нывкæнын у нымад. Нывгæнæг сахарты структурæты, хæдзæртты архитектурæйы, квадратты, паркъты, æхсæнадон цыдтæ, къулдуæрттæ, æмæ æфсæнвæндаджы станцæтæ æвдисы цæхæртæ калæг рухсыты, аууон æмæ дырыс хуызты фæрцы. Нывгæнæджы куыстыты арæх разынынц антикон æмæ ренесансон мотивтæ.