Димитри Садзаглишвили - Саакашвилийы уавæр сындæггай фыддæрдæр кæны
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы адвокат Димитри Садзаглишвилийы фидиуæнй, зæгъгæ Саакашвилийы сæрмагонд дохтыр æфхæрдæххæстгæнæг уагдонмæ бацыды фæдыл дзуапп нырма нæ райста.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Саакашвилийы уавæр сындæггай фыддæрдæр кæны.
«Мæнæн куыд у бæрæг афтæмæй, дохтырæн æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ бацыды фæдыл дзуапп нырма нæ раттой. Ныфсæ нæ ис, тагъд уыдзæн дзуапп, уымæн æмæ Саакашвилийы уавæр сындæггай фыддæрдæр кæны, æмæ диссаг дæр нæу. Вæццæгæн иннæ бонты ноджы фыддæрдæр уыдзæн. Æхормагдзинады спецификæйæ æнхъæлмæкæсинаг у» – райхъусын кодта Димитри Садзаглишвили.
Адвокаты æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, ацы уавæрты цæрынæн æнæмæнгхъæугæ у цæмæй сæрмагонд дохтырæн уа фадат, Михеил Саакашвилийы бабæрæг кæнын.
«Рох ма хъуамæ кæнæм, цæмæй дохтыр радзырдта йæ низы тыххæй. Ис йæм æххæст информаци йæ æнæниздзинады тыххæй æмæ хуыздæр уыдзæн, цæмæй цын уа фадат медицинон лæккад скæнын. Реалонæй процедурæтæй бæрæг нæу периодондзинад. Æмæ нæу стандартон ситуаци,официалон информаци куы курыс æмæ дын 10 бонмæ куы хъуамæ раттой дзуапп. Ахæст нæхæргæ протест дарддæр кæны æмæ ахæм куырдиæттыл дзуапп хъуамæ уа виппайды» – райхъусын кодта Димитри Садзаглишвили.
Уый ма банысан кодта. Цæмæй Саакашвили æхормагдзинад ныууадзын нæ хъавы. Адвокат ма бафтыдта, цæмæй юстицийы министрады куырдиаты фæдыл Саакашвилимæ нæ ныхас кодтой.
Бакой уын кæндзыстæм, юстицийы министрады знон райхъусын кодтой,ома куырдиат арвыстой æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадземæ, Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр бацахуыр кæнын æмæ деталон анализы нысанæн, дохтырты мультифункцион къорд рауæлдай кæна.
Афтæма сæ информацийæ, медикты къордын нысан уыдзæн Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры периодон мониторинг æмæ бахъуаджы цауы æмбæлгæ рекомендацитæ бавдисын.