Димитри Кумсишвили – Æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны сеппæтæй фылдæр комкоммæ фæсарæйнаг инвестици сæххæст
Фыццаг вице-премьер, экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр Димитри Кумсишвили 2017 азы III кварталы Гуырдызстоны сæххæст комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты бæрæггæнæнтæ бахыгъд кодта – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны экономикæйы министрад.
Информацимæ гæсгæ, фæнысангонд периоды комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ, раззаг азы аналогион бæрæггæнæнтæй 17,6 процентæй фылдæр у æмæ 594,5 милуан АИШ-ы доллармæ æсхызт.
2017 азы III кварталы сæххæст инвестициты æппæт бæрц та, «Сакстаты» бæрæггæнæнтæй, ацы æвдисæг 1,346.5 милуан АИШ-ы доллар у, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ зæгъæн ис 3%-æй фылдæр у.
Фыццаг вице-премьеры аргълæвæрдæй, 2006 азæй райдайгæ, 2017 азы III кварталы Гуырдзыстоны сеппæтæй фылдæр комкоммæ фæсарæйнаг инвестици сæххæст.