Димитри Хундадзе - Бидзина Иванишвилиимæ фембæлд уыд продуктивон, принципон фарстайыл æрныхас кодтам
Бидзина Иванишвилиимæ фембæлд уыд продуктивон, принципон фарстайыл æрныхас кодтам – уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы Бидзина Иванишвилийы мажоритартимæ фембæлды фæстæ, фылдæрты депутат Димитри Хундаддзе райхъусын кодта.
Димитри Хундадзе куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ фембæлдыл ныхас цыд 2020 азмæ æххæстæй мажоритарон системæмæ ахизыны фарстайыл. Афтæдæрйæ информацийæ, сом 10:00 сахатыл фембæлд ацæудзæн фылдæрты форматы.
«Фембæлд сырæзь мажоритарты æмæ Бидзина Иванишвилийы æхсæн, мажоитратæ кæцытæ пропорцион системæйы ныхмæ сты æмæ домынц 2020 азмæ. Æххæстæй мажоритарон системæмæ ахизын. Ацы фарстайы алыварс фæныхас кодтам, фембæлд сахат æмæ æрдæгы бæрц аххæссыд. Фембæлд уыд продуктивон, принципон фарстайыл æрныхас кодтам фæлæ ацы этапыл исты конкретикæйæ мæхи бауромдзынæн, уымæн æмæ ацы бадзырд хъуамæ ноджы иу хатт бакастæуа фылдæрты форматы æмæ уым сфидар уа. Ацы бадзырд цæй зæгъын æй хъæуы баст у æвзарæнон системæимæ. Сом 10:00 сахатыл сырæздзæн фылдæрты рабадт»- рахъусын кодта Димитри Хундадзе.