Келли Дегнан -  АИШ-æн нæу  йæ бон, зæгъын Бидзина Иванишвилийыл кæнæ кæцыфæнды æндæрыл, у æви нæ олигарх, уый хъуамæ зæгъæт  гуырдзиаг адæм
Келли Дегнан - АИШ-æн нæу йæ бон, зæгъын Бидзина Иванишвилийыл кæнæ кæцыфæнды æндæрыл, у æви нæ олигарх, уый хъуамæ зæгъæт гуырдзиаг адæм

Аиш-æн нæу  йæ бон, Иванишвилийыл кæнæ кæцыфæнды æндæрыл  зæгъын, у æви нæ  олигарх, уый гуырдзиаг адæм  хъуамæ  зæгъæт, –  уый фæдыл АИШ-ы минæвар  Келли дегнан райхъусын кодта «Формулайы» эфиры.

«Ахаст, кæцы цæуы  бындурон аххосагы фæдыл, кæцы у  æнæмбæлгæ æндæвдад, æхца кæнæ сæрмагонд æндæвдад политикон, тæрхонон æмæ официалон  процесстыл, уый у уыцы бындур, кæцымæ баххæссын дæр ацы  закъон,  деолигархизацийы фæдыл хъуамæ архайит.  Зын у, фæлæ  алы  бæстæ  хъуамæ бацагура  сæрмагонд  формулæ  ацы ситуаци алыг кæнынæн. Ныфс мæ ис,  ацы  кусæн къордтæ  продуктивон уыдзысты», – банысан кодта Дегнан.

Уый æддæмæ  ма  минæвар фæныхас кодта Бидзина Иванишвилиимæ фембæлды фæдыл æмæ загъта, цæмæй фæныхас кодтой  Америкæ-Гуырдзыстоны партнерадыл æмæ бирæ æндæр сферæйыл, кæцыты архайы баххуыс кæна Гуырдзыстоны райрæзтæн.

«Бæрæг у, нæ фæнды Иванишвилийы  мотивтыл  хъуыдытæ разæгъын. Ме рдгæй мæ бон зæгъын у, цæмæй  иу мах куыд уаг нæ раргом кæнæм  сæрмагонд фембæлдтæ.  Уыдис Иванишвилиимæ  æви  æндæр искæйимæ.  Дипломатийæн нæу  ахуыр  уаг афтæ  архайын.  Кæд  дыккаг  фарсмæ хуыздæр кæсы  ма раргом кæна, уæд, фæлæ куыд фæбæрæг афтæмæй, йæхæдæг Иванишвили  ныхас кодта ацы фембæлдыл, æмæ æз дæр бæлвырд загътон кæй  фембæлдыстæм  æмæ  фæныхас кодта Америкæ-Гуырдзыстоны партнерадыл  æмæ бирæ æндæр сферæтыл, кæцыты АИШ архайы  Гуырдзыстоны райрæзтæн баххуыс кæнын уый.

Бæрæг у, Иванишвили у  тынг дзырддзæугæ гуырдзиаг, уый у  æнтыстджын бизнесмен  æмæ уый тыххæй, нормалон у, уыйимæ  фембæлын нæ кæй фæнды, куыд  Гуырдзыстоны  бирæ  æндæр æмбæстагимæ.  Æцæгæй  растдæр  уый у  дипломатты  куыст.  Нæ рард у, фембæлæм, куыд гæнæн ис, афтæ бирæ æндæр æмæ æндæр дзыллæты минæвæрттимæ бæстæйы.  Ацы фембæлдыл  нын  уыдис фадат фæныхас кодтаиккам  Иугонд Штатты  иузæрдыг ахастыл Гуырдзыстонмæ.  Нæ тыхархайдыл, цæмæй диууæфарсон  æххуыс фæхæццæ кæнæм Гуырдзыстонмæ нæ  куыстæй», – райхъусын кодта Дегнан.

Уый ма бафтыдта, цæмæй Иванишвилиимæ  фембæлдыл йæ сæрмагонд  финансты  фарстайыл  ныхас нæ уыд.

«Мах нæ ныхас кодтам йæ сæрмагонд финансон бадзырдтыл, санкцитыл, кæнæ истæуыл кæцы гæнæн бауыдиат  шантажæй  равдисын,  кæнæ Гуырдзыстоны  хæстмæ баласыны  архайдæй.  Фембæлдыл  æппын нæ уыд  ацы темæтыл ныхас.  Куыд загътон, афтæмæй,  æз иу  фембæлын бирæ адæймагимæ Гуырдзыстоны – тынг дзырддзæугæ æнтыстджын  гуырдзиæгтимæ, студенттимæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Ай бæрц хъауджы  адæймагимæ уый тыххæй фембæлын, цæмæй  мæ фæнды хуыздæр базонон гуырдзиаг культурæ, гурдзиаг дзыллæ,  гуырдзиæгты бæллиццытæ  æмæ тырнынадтæ.  Фæнды мæ  базонын, куыд у  йæ бон АИШ-æн,  хуыздæр баххуыс кæна Гуырдзыстонæн», – райхъусын кодта Келли Дегнан.