Дихгæнæг хаххы алфамбылай хъæуты цæрæг 1600-йæ фылдæр студентæн, ахуыр сфинанс кæндзæн паддзахад
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритимæ дихгæнæг хаххы алфамбылай хъæуты цæрæг 1600-йæ фылдæр студенты ахуыр, паддзахад сфинанс кæндзæн.
Гуырдызстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министрад 2019-2020 ахуыры азмæ, фæнысангонд студенттæн ахуыры сфинанс кæнынæн 4 000 000 лари рауæлдай кодта.
Уагдоны информацийæ, министрад 2013 азæй сфинанс кæны, академион уæллаг ахуыры фыццаг æмæ дыккаг фæлтæрмæ ист, дихгæнæг хаххы алфамбылай хъæуты цæрæг студентты. Программæйы фæлгæтты, финансдзинад æмбæлы, Гуры, Къаспы, Карелы, Хашуры, Онийы, Сачхерейы, Цъаленджихайы æмæ Зугдиды муниципалитетты, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритимæ дихгæнæг хаххгæрон хъæуты (Зугдиды муниципалитеты хъæутæ: Рухи, Рихъе æмæ Хурча) цæрæг студенттæм.
2013 азæй абон онг рæзы оккупацигонд территоритимæ дихæнæг хаххгæрон хъæуты цæрæг студентты финансдзинады статистикæ . 2013 азы паддзахад 471 студенты сфинанс кодта, ацы аз та, сæ нымæц, 1600-æй фылдæр уыдзæн. Фæстаг авд азы дæргъы, паддзахад æмтгæй райсгæйæ, 7000-æй фылдæр студнтæн сфинанс кодта ахуыр æмæ 15 милуан ларийæ фылдæр рауæлдай кодта.
Паддзахад, оккупацигонд территоритимæ дихгæнæг хаххы гæрон хъæуты цæрæг алкæцы студентæн ахуыры гранты æххæст бæрцæй 2 250 ларийæ сфинанс кæндзæн.