Диего Колас – Разы стæм æхсæнадæмон организациты  уыцы фидиуæнтимæ, кæцытæ  сарызтой  гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты  тыххæй
Диего Колас – Разы стæм æхсæнадæмон организациты уыцы фидиуæнтимæ, кæцытæ сарызтой гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты тыххæй

Нырид æнæ иу  хатт загътам, цæмæй  разы стæм æхсæнадæмон организациты  уыцы фидиуæнтимæ, кæцытæ  сарызтой  Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты  тыххæй, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Францы  минæвар  Диего Колас  фехъусын кодта.

«Сегасдæр сæйраг,  раджы дæр куыд банысан  кодтам афтæ,   æнæмæнгхъæугæ сты реформæтæ, куыд æвзарæнон – афтæ  æндæр æмæ æндæр  демокративон  æрдæмадæй.  Ацы реформæтыл хъуамæ  адарддæр кæной  дискусси политикон партитæ. Уый бындурыл æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй парламент,  алы институци, уа  фидар, æрныхас кæной  иумæйаг фарстæйыл æмæ  адарддæр кæной  Гуырдзыстоны рæзынад.

Францы  æмæ  Германийы хицауадмæ  иумæйаг  фидиуæн ахæлиу кодтой 12  декабры æмæ  уæ бон у,  ацы  фидиуæн  фенын.

Кæцыфæнды фарстæйыл   политикон   бадзырдтæ хъуамæ  цæуа, дискусси хъуамæ  уа, уый  у махæн сегасдæр сæйраг», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Францы  минæвар.