Диего Колас – медийы сæрибардзинад у иттæг нысаниуæгджын аспект демократон Гуырдзыстоны
Æххуысгæнæг стæм Гуырдзыстонæн йæ цыды ныгуылæны æрдæм, цæмæй суа демократон, ныгуылæйнаг типы европаг бæстæ æмæ медийы сæрибардзинад ацы процессы иттæг нысаниуæгджын у. Растдæр уый тыххæй, тынг мæтыæфтыд уыдыстæм, 5 июлы тыхмидзинад куы федтам, уæд, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Францы минæвар, Диего Колас журналисттæн фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ахсджиаг у, фæдагуырд ауадзын алы фыдракæндыл æмæ йæм уæд фæстиуджытæ.
«Медийы сæрибардзинад у сегасдæр ахсджиаг аспект демократон Гуырдзыстоны. Мах фидæр æххуысгæнæг стæм Гуырдзыстонæн йæ ныгуылæны æрдæм тырнынады, цæмæй бауа демократон, ныгуылæйнаг европаг бæстæ æмæ медийы сæрибардзинад ацы процессы сегасдæр ахсджиаг акспект у. Растдæр уый тыххæй тынг мæтыæфтыд уыдыстæм, 5 июлы тыхмидзинад куы федтам уæд. Мидхъуыддæгты министр нын дзуры, цæмæй фæдагуырд дарддæр кæны.
Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй медийæн уа æмбæлгæйæ кусыны фадат. Тынг интересджын стæм медийæн æххуысæй. Иттæг нысаниуæгджын у алы фыдракæнды фæдравзарын æмæ фæстиуджытæ бавдисын», – райхъусын кодта Диего Колас.