Диди Дигъомийы стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвæг цыппар аздзыд сывæллон фæмард
Диди Дигъомийы стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвæг цыппар аздзыд сывæллон фæмард – уый фæдыл журналисттæн «Имедис Клиника»-йы дохтыр фехъусын кодта.
Цыппаро аздзыд сывæллоны уавæр уыд тынг уæззау. Уый реанимацион хайы хуысссыд.
Цыдæриддæр та Иашвилийы клиникайы уæвæг пациенттæм æххæсы, æнæнизхъахъъæды министр Давит Сергеенкойы информацийæ, клиникæйы æхсæз сывæллон уæвы, уыдонæй фондзы уавæр у рог, æрмæст иу сывæллонмæ та дохтырты æрдгæй цæст бадарын хъæуы.
Давит Сергеенкойы фидиуæнæй, стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвæг ноджы иу пациент уæвы Гъудушаурийы клиникæйы, кæцы рог зиæнттæ райста.
Диди Дигъомийы стынды фæстиуæгæн фæхъуыд цыппар адæймаг.