Диабеты хосгæнæн «Медформины», «Глимеприды» æмæ «Гликълазиды» балхæнын абонæй гæнæн уыдзæн æрдæг аргъæй
Медикаментты – «медформин», «глимеприд» æмæ «Гликлазиды» балхæнын цæрджытæн, къуырисæрæй сæ бон уыдзæн æрдæг аргъæй. Уый фæдыл æнæнизхъахъъæды министр Давит Сергеенко райхъусын кодта.
Сергеенко куыд бамбарын кодта, афтæмæй, препараттæй а.х. дыккаг типы диабет кæмæн ис уыцы пациенттæ хос кæнынц.
«Рабæрæг ис цалдæр приоритет, фæлæ иуæй-иу нысаниуæгджын у а.х. дыккаг типы диабет. Фыццаг типæн хъæуы инсулин, дыккаг типы диабетæн та – таблеткæтæ. Ахæм диабеты хосты æргътæ уыдысты тынг зынвадат цæрджытæн. Ацы типы диабеты хорз æхкæнынц æртæ сæйраг медикаменты – «Медформин», «Глимеприд» æмæ «Гликлазид». Зæрдæвæрæны æргътæ ацы хостыл фæасламдæр сты æмæ сæ нымæцы сеппæтæй зынаргъ æмæ сеппæтæй стыр æркуырд кæцыйыл уыд – «Медформин»-ы балхæнын къурисæрæй гæнæн уыдзæн æрдæг аргъæй», -райхъусын кодта Давит Сергеенко.
Уыйимæ иумæ ма, министры информацийæ, ивгъуыд азы райдыдта проект, кæцы хæлиу кодта æрмæст социалонæй цыбыркъух цæрджытыл æмæ æххæссыд фылдæр хроникон низтæм, кæцы æгъгъæд нæу зæгъгæ.
«Проекты хъæуы ауæрæхдæр кæнын, уымæн æмæ финансон барьер бæрзонд у æнæрмæст социалонæй цыбыркъух æмбæстæгтæн, фæлæ ма пенсионертæн æмæ амалхъомцух уæнгтæн дæр. Уый тыххæй дæр сарызтам цалдæр къахдзæф – ацы азы майы, развæлгъау бадзургæйæ æрфидар кодтам иумæйаг юридикъон уæнг, кæцы рæстæджы дæр паддзахад уыдзæн партнерæй индустрийæн. Уымæй нæм æрбафтыд фадат, майы мæййæ райдыдтаиккам медикаментты фæасламы фыццаг этап. Къуырисæрæй, скусдзæн дыккаг этап», – хъусын кæны Сергеенко.
Давит Сергеенкойы информацийæ, фæнысангонд медикаменттыл цæрджытæ афæдзы мидæг 10 милуаны хардз кодтой.
Уыйимæ иумæ, Сергеенкойы дзырдæй, сентябрæй уæлдæрбанысангонд æртæ медикамент, пенсионертæн ноджы фæасламдæр уыдзæн, уымæн æмæ паддзахад план кæны субсидирдзинад.