Девид Ли – Гуырдзыстоны амæй хуыздæр инвестицион климат никуы уыдис
Европæйы бизнесассоциацийы президент Девид Ли хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны ис сеппæтæй хуыздæр инвестицион климат æмæ бизнесментæм æрсидтис бæстæмæ капитал бахæссынмæ.
«Кæд бæстæйы фæнды экономикæ райтынг кæнын, уый гæнæн ис æрмæстдæр инвестициты фæфылдæры руаджы. Гуырдзыстоны абон инвестициты нымæц райрæзтис, фæлæ хъуы бирæ фылдæр. Хъæуы инвестициты æрбаласын Европæйæ, уый нымæцы Евроцæдисимæ сæрибар базарадон режимы æххуысæй.
Европæйы бизнесассоциацийы номæй мæ фæнды зæгъын, цæмæй инвестицион климат Гуырдзыстоны историйы амæй хузыдæр никуы уыдис. Чи мæм байхъусдзæн, фæнды мæ бацамонон сын – бахæссут инвестици Гуырдзыстонмæ, ай у сеппæтæй хуыздæр афон» – райхъусын кодта журналисттæн Девид Ли.
Сакстаты бæрæгггæнæнтæй, комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ Гуырдзыстоны 2017 азы 16 процентæй райрæзтысты æмæ 1, 861 миллиард АИШ-ы доллармæ аххæссыдысты.