Defence News – Дональд Трампы администраци «Арабаг НАТО»-ы саразын хъавы
Вашингтон «Арабаг НАТО»-ы формирдзинадыл кусы, уый фæдыл хъусын кæны Defence News. Рауагъдад фыссы, цæмæй Дональд Трампы администраци ног хæдиргъæвæг альянсы саразын хъавы, кæцыйы дæр баиу уыдзысты Сауды Арави, Арабты Иугонд Эмираттæ, Кувейт, Хъатар, Оман, Бахрейн, Египет æмæ Иордани.
Америкаг рауагъдад куыд нысан кæны афтæмæй, ног альянсы сæйраг нысан уыдзæн терроризмимæ æмæ экстремизмимæ тохæй дарддæр, Ираны агрессийы баурæд.
Официалонæй, ног альянсы формирдзинады фæдыл фидиуæн æнхъæлцау 12-13 октябры Вашингтоны саммитыл сырæздзæн, кæцыйы хайад райсдзысты Персы бакæлæны паддзахадты сæргълæуджытæ.
Defence News куыд фыссы афтæмæй, «Арабаг НАТО»-йы формирдзинады идея нырма ноджы 2011 азы сæвзæрд, фæлæ кæронмæ нæ ахæццæ ис.
Обамайæ хъауджыйæ, кæцы, æввахс скæсæны амеркиаг æфсæддон контингенты фæкаддæры фарсхæцæг уыд, Трампы администраци фылдæр интерес æвдисы ацы регионы æрдæм. АИШ-ы æмæ Ираны æндыгъд уавæры фоныл та, «Арабаг НАТО»-йы саразыны идея фæстæмæ фæактивон ис.