Давит Залкалиани - Уæрæсейы Федераци иугæндзонæй манипуляци кæны æндæр æмæ æндæр фарстайæ, цæмæй Женевæйы бадзырдты форматы ивдмæ бандава
Уæрæсейы Федераци иугæндзонæй манипуляци кæны æндæр æмæ æндæр фарстайæ, цæмæй Женевæйы бадзырдты форматы ивдмæ бандава – уый фæдыл Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæджы хæдивæгы, Григорий Карасины фидиуæны фæдыл банысан кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр уый æфсонæй ИНО-йы резолюцийыл цырын кодтойакцент, ныр та зæгхъгæ «Татунашвили-Отхозориайы номхыгъдыл» апеллир кæнынц.
«Форматы фæкъуыхцыйы фæдыл ныхæстæ ног не сты. Уæрæсейы Федераци иуддзыгæй пайда кæны æндæр æмæ æндæр фарстайæ уымæн цæмæй бандава форматмæ æмæ форматы ивдмæ. Раджы дзырдтой резолюцийыл, кæцыйы иугæндзонæй рахæссæм Ино-йы æмæ ныр та ног æфсонæн пайда кæнынц «Татунашвили- Отхозориайы номхыгъдæй» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ. Гуырдызстонмæ æхсæнадæмон партнертимæ æмæ Женевæйы бадзырдты æмсæрдæрттимæ форматы адарддæр кæнын æмæ лæвæрд формæйæ химæ æруадзынмæ гæсгæ, æххæст æнцойад ис.
«Ацы номхыгъды нысан у, æнæзакъонон архæйдтыты превенци, нæрайсгæ æмæ бынтон æнæруадзгæ марындзинады фактыты фидæны кæрон скæнын. Æхсæнадæмон партнерты æрдгæй нын ис серьозон æнцойад æмæ æнæмæнгæй адарддæр кæндзыстæм Женевæйы форматы активон æмкуысткæнынад партнертимæ, цæмæй бæгъдуан, кæцыдæриддæр бындурæвæрд цæуы Женевæйы дискусситыл, сæххæстæуа, ай у æхсты фæуромыны фæдыл Уæрæсе йæхимæ цы хæс райста æмæ ахы хæсы имплементацийæн хъæугæ къахдзæфты саразын» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Уæрæсейы æддæ хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин евроцæдисы минæваримæ, Женевæйы дискусситы æмсæрдар Тоиво Клааримæ фембæлдыл, лигъдæтты æрыздахыны темæйыл ИНО-йы ист резолюцийы æмæ «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды» фарстатæ сæвæрдта. Мæскуыйы хъуыды кæнынц, цæмæй ахæм инициативæтæ Сухум æмæ Цхинвалимæ Тбилисы ахастытæ фæкарз кæндзæн.