Давит Залкалиани – Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстон æмæ Уркаинæйы оккупацийы уавæрты, иууон, сабырадон Европæйы стратегион рард, нырмæ нæ сæххæст
НАТО-йы партнертимæ æрныхас кодтам 4-5 конкретон элементы тыххæй, кæцы Сау Денджызы æдасдзинад фæфидардæр кæндзæн – ацы фидиуæн Вашингтоны уагъд конференцийыл, Гуырдзыстоны фæсаврæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани сарызта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ цæуы куыст, цæмæй ацы элементтæ практиконæй сæххæст уой.
«Гуырдзыстон тыхджындæр кæны иргъæвон фæрæзтæ. Гуырдзыстон ныридæгæн иæмбæлон у НАТО-йы домæнтæм æмæ нæ æфсæддон хардзты æмтгæйон мидпродукты 2%-æй фылдæр сты. Афтæдæр нысаниуæгджын у Сау Денджызы æдадсзинад. Ацы цауы мах къуындæг баст стæм стратегион диалогы НАТО-имæ. Уырны нæ, цæмæй министрты æнæформалон фембæлдты рæстæджы Сау Денджызы æдасдзинады хъахъхъæнынад иуæй-иу сегасæй нысаниуæгджын темæ уыдзæн. Брюсселы саммитыл НАТО-йы партнертимæ сразы кодтам 4-5 конкретон элемент, кæцы Сау Денджызы æдасдзинад фæфидардæр кæнынæн уыдзæн ахъаз. Ныр кусæм цæмæй сæ практиконæй сæххæст кæнæмæ æмæ реалондзинадæй скæнæм» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр.
Давит Залкалиани фæныхас кодта Уæрæсейы æрдгæй агресийыл æмæ НАТО-имæ æмкуысткæнынады нысаниуæгыл.
«Уый цыдæриддæр 2008 азы гуырдзыстоны æрцыд, уыд хæсты репетици, кæцы 2014 азы Уæрæсе Украинæйы бакодта. Уæрæсе æрбабырста Гуырдзыстонмæ æмæ территорийы 20%-æй фылдæр оккупаци скодта, кæцы ныр дæр даргъ кæны. Уæрæсе дарддæр кæны æфсæддон уæвынад рæзын кæнын Сау Денджызы, Абхазы регионы. Уымæн та Гуырдзыстон дзуапп дæтты евро-атлантикъон интеграцийæ, кæцы у сегнасæй сæйраг приоритет æмæ уый фыст æрцыд гуырдзыстоны конституцийы, парламенты æндæр æмæ æндæр резолюциты. Гуырдзыстоны хицауад сæйраг приоритетæй расидтис евро-атлантикон интеграци, Гуырдзыстон у НАТО-йы аспирант паддзахадты æхсæн. АБон гуырдзыстон ахæм нал у, 10 азмæ размæ цахæм уыд. Гуырдзыстоны паддзахадон институттæ фидар сты æмæ уый хъомыл кæны активон демокративон æхсæнад, сæрибар экономикæ,Гуырдзыстоны ис сæрибар медий. Алцыппæт ай мах уынæм НАТО-имæ интеграцийы контексты» – райхъусын кодта Залкалиани.
Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдоны къухдариуæггæнæг НАТО-Гуырдзыстоны æмгуыстады æрдгæй, йæ хъусдард раздæхта Афгъанистаны æфсæддон операциты гуырдзиаг æфсæддæтты ролы æрдæм.
«Фæнды мæ, дырыс æрвитæггаг саразын, цæмæй гуырдзиаг адæмы тырнынад бæлвырд у æртæ сæйраг компонентæй. Фыццаг æмæ сегасæ сæйраг уы уый, æмæ Гуырдзыстон НАТО-йы фидар партнер у операциты. Нæ бæстæ йæхабйбавæрд кæны Афгъанистаны операцийы – «ХЪæддых Фарсхæцын». Уымæй фылдæр, Гуырдзыстон у ацы миссийы иуæй-иу сеппæтæй ставд контрибютор. 800-йæ фылдæр гуырдзиаг æфсæддон службæ кæнынц Афгъанистаны, нæ æмцæдисонтимæ иумæ. 33 гуырдзиаг фæхъуыд Афгъанистаны. Сæ ном сын арæм. Уæрæсейы æрдгæй гуырдзыстоны æмæ Украинæйы оккупацийы уавæрты, сæйраг стратегион рард, кæцы йæ хъуыдыйы дары иууон æмæ сабырадон Европæ, нырма æххæст нæу»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр.