Давит Залкалиани  телефонæй  фæныхас кодта ИНО-йы генералон нымæрдаримæ
Давит Залкалиани телефонæй фæныхас кодта ИНО-йы генералон нымæрдаримæ

Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалиани  телефонæй   фæныхас кодта  ИНО-йы генералон нымæрдар  Антонио Гутиерешимæ.

Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналæн   Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрадæй  куыд фехъусын кодтой афтæмæй,  генералон  нымæрдаримæ ныхасы  размæ  уыд  оккупацигонд регионты уæвæг  уавæры  каст  ЕÆÆО-йы   архайæг сæрадаримæ æмæ  Евроцæдисы бæрзонддæр  минæваримæ, куыд Женевæйы  процессы  æмсæрдар  организациты  къухдариуæгадимæ.

Фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны хъусинагæй, Давит Залкалиани  ИНО-йы   генеалон нымæрдарæн  бавдыста  информаци оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты сырæзт уавæры  тыххæй. Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд  адæймаджы барты   æрдгæй  уæвæг  уæззау  уавæры æрдæм,  оккупацион   хаххыл фæстаг  рæстæджы  атйынггонд фæзындтыл, сæ нымæцы  аразгæ  барьерты  монтажы  æнæзакъонон  процессы  сног æмæ ахстыты æрдæм. Ныхас  афтæдæр уыд,  оккупацигонд Абхазы  25 августы  уагъд а.х.  президентон æвзæрстытыл.

Гуыррдзиаг фарс  ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  уавæры деескалацийы æмæ  конфликты сабырадонæй  срегулир кæныны    процессы æрдæм   æмзæрдæдзинад,  уый  нымæцы   Женевæйы  æхсæнадæмон бадзырдты  процессы,  конструктивон æмæ  фæдфæдон  хайдистмæ гæсгæ.

Оккупацион хаххыл  фæстаг рæстæгон фæзындтæ зæрдыл даргæйæ,   банысан ис  фарстайы æркæсыны  нысаниуæг  инцидентты  маруадзыны  æмæ сыл реагир кæныны  механизмы, афтæдæр Женевæйы  бадзырдты  процессы.  Ацы контексты  фæрстæ  райгонд сты  æхсæнадæмон бадзырдтæм ИНО-йы  специалон   минæвары   Гуырдзыстонмæ æрцуынæй  æмæ уавæримæ бынатыл базонгæйы фæдыл уынаффæйæ.

Телефонон ныхасы рæстæджы  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  къухдариуæггæнæг  бузныг загъта  ИНО-йы  гшенералон ынмæрдарæн  конфликты  сабырадонæй аскуыддзагы  процессы   Гуырдзыстонæн фарсхæцыны  æмæ  активон   бастдзинады  тыххæй.   Бахахх ис  ИНО-йы   боны фæткъы  Гуырдзыстоны  фапрстайыл бæрзонддæр æмвæзадыл фæактивон кæныны  нысаниуæг, ц æмæй   урдæ æрцæуа  деструкцион  æмæ  уавæры  эскалацийы æрдæм  арызт процесстæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты мнистрады хъусын кæнынц, цæмæй  ИНО-йы  генералон нымæрдар, ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцынад.