Давит Залкалиани НАТО-ы Лондоны фембæлды хайадсиджытæм баздæхт – Æдзух Уæ зæрдыл дарут Гуырдзыстон
Гуырдзыстон ныридæгæн архайы куыд альянсы уæнг афтæ, æмбарæм абон цы уавæр ис, ома нырма нæй политикъон скуыддзаг, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Лондоны, лидерты фембæлды фæлгæтты цæугæ мадзалылыл – «NATO Engages: Innovating the Alliance» Балтийы æмæ Сау Денджызы æдасдзинады фарстатæн нывонд сессийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдоны ахæлиугонд информацимæ гæсгæ, Давит Залкалиани банысан кодта, цæмæй Бухаресты саммиты скуыддзагы æргомæй фыст ис, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг, уый фæстæ бирæ саммит рацыд æмæ алы документы æмæ декларацийы фæлхатт кæнынц НАТО-мæ Гуырдзыстоны райстимæ разы кæй сты уый.
«Æмбарæм абон уæвæг уавæр. Фæлæ эффектджынæй æххæст кæнæн алы практикон инстсрумент кæцы нæ бакæндзæн уæнгдзинады онг. Гуырдзыстон ныридæгæн архайы куыд альянсы уæнг афтæ. Æмбарæм абон цы уавæр ис, æмæ уый, цæмæй политикъон скуыддзаг нырма нæй. Алцыппæт аразæм цæмæй уæнгсуæвыны афон куы æрлæуудзæн, уæд бæстæ цæттæ уа уыцы моментмæ, Гуырдзыстоны контрибуци цæй зæгъын æй хъæуы домы фембæлæг къахдзæфтæ НАТО-йæ», – райхъусын кодта Залкалиани æмæ бафтыдта ма, цæмæй зæгъгæ «Гуырдзыстон активон куыст кæны алы партнеримæ, афтæдæр аразы активон къахдзæфтæ бæстæйы кæронбæттæн нысанмæ бацæттæ кæнынæн – кæцы у НАТО-йы уæнгдзинад», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.
«Æдзух уæ зæрдыл дарут Гуырдзыстон», – ацы ныхæстæй фæцис сессийыл раныхас Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, кæцы залы овацитæ расайдта.