Давит Залкалиани - Ис архæйдтытæ акцентты ахæссын иннæ ахæм ардæмадтæм, кæцы нæу Женевæйы бадзырдты формат æмæ уый тыххæй дæр Женевæйы дискусситæм æртъхъирæн кæны бæрæг тас
Фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалианийы фидиуæнæй, Женевæйы дискусситæ уникалон формат у йæ ньюанстæй æмæ Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у ацы формат бавæрын, куыд иунæг, кæцыйыл Гуырдзыстон Уæрæсейы æнæсæххæст хæсдзинадæтыл æхсæнадæмон æмгарады бастдзинадæй ныхас кæны.
Ацы темæйыл Давит Залкалиани æртæ комитеты иугонд рабадтыл фæныхас кодта, цы ран уый депутаттæн хицауады ранæуæггонд скондæн æууæнк расидыны фæлгæтты, сæрмагонд цæстæнгас æмæ æддаг политикъæйы приоритетыл радзырдта.
Афтæдæр фæстæдæр медиимæ ныхасы рæстæджы, Залкалиани банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Уæрæсе арæх ныхас кæны форматы ивдыл æмæ сæйраг темæтæй акценттæ ахæссын къаддæр нысаниуæгджын фарстатæм хъавы, кæцыйыл хъуамæ сырæза адекватон аргълæвæрд.
«Ис архæйдтытæ цæмæй сæйраг фокусирдзинады темæтæй, æрцæуа акцентты ахæссын иннæ ахæм ардæмадтæм, кæцы нæу Женевæйы бадзырдты форматмæ æмбæлон æмæ уый тыххæй дæр Женевæйы форматæн æвзæры бæрæг тас. Уымæ гæсгæ, мах алы партнеримæ ныхас кæнæм ууыл, цæмæй арæх вæййынц архæйдтытæ Женевæйы раундты фæкъуыхцы кæнын. Уымæн хъæуы æмбæлон аргълæвæрд, дырыс ном раттын – чи лæууы уый фæстæ, кæй тыххæй æрцыд форматы фæкъуыхцы. Растдæр уый кой кæнын, цæмæй стæй ма бауа ахъаззагæй æнæраст къахдзæфтæ саразынæн», – райхъусын кодта Давит Залкалиани, комитетты рабадты фæуды фæстæ журналисттимæ ныхасы рæстæджы.