Давит Залкалиани – Гуырдзыстоны сæйраг стратегион партнеры, АИШ-ы æххуысæй,  размæ цæуæм
Давит Залкалиани – Гуырдзыстоны сæйраг стратегион партнеры, АИШ-ы æххуысæй, размæ цæуæм

Сенатор Маккейны   æмæ Гуырдзыстоны сæйраг   стратегион партнеры, АИШ-ы   фарсхæцынæй  мах  размæ  цыд дарддæр кæнæм –  уый фæдыл   Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани   райхъусын кодта.

«Мах стæм сегасæй æнтыстджын аспирант бæстæ  æмæ  Гуырдзыстонмæ ис  алы  практикон   инструмент нысанмæ æрцæуынæн,  кæцы у  НАТО-йы уæнг суæвын.  Мах æнтыстджынæй  æххæст кæнæм алы  практикон   инструменты, цахæмдæр у  æрвылазон националон  программæ, НАТО-Гуырдзыстоны æппæтылæххæссæг пакет,  Гуырдзыстоны хайад  «ХЪæддых Æххуысы»  миссийы Афгъанистаны, кæцыйы дæр мах стæм ацы  иттæг нысаниуæгджын   миссийы  сеппæтæй  ставд контрибютор  иу удгоймаг цæрæгмæ гæсгæ. Мах фæрстæй-фæрстæм хæцæм ны  стратегион партнертимæ иумæ.  Мах  бавзæрстам  стыр сæфт,  33 гуырдзиаг  фæхъуыд Афгъанистаны. Уый у глобалон  æдасдзинадмæ  нæ  хайбавæрд  æмæ æмбарæм, куыд ахсджиаг  у  нæ  хайад  уым» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.

Фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй,   зæгъгæ  Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграци Гуырдзыстоны хицауадæн   æддæ политикæйы  сæйраг приоритет у, кæцы æвдыст у Гуырдзыстоны конституцийы.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры  дзыодæй, зæгъгæ фидæн  мæйы  плангонд у  Атлантикон советы  визит Батуммæ æмæ уый  уыдзæн  Гуырдзыстоны  прогрессы  радон демонстраци.

«Фæнды нæ цæмæй  Гуырдзыстоны  фарста кæсой  бæрзонд рангы  фембæлдтыл, уый нымæцы  Вашингтоны плангонд  министериалыл. Цæй зæгъын æй хъæуы  мах æмбарæм, цæмæй  ис гæнæн   мæ нæ  ма  фæхоной, фæлæ  бæрзонд рангы фембæлдтыл, Гуырдзыстоны фарста  хъуамæ лæууа  политикъон  боны фæткы» –  банысан кодта Давит Залкалиани.