Давит Сонгъулашвили фембæлд «Климат Грин»-ы фонды æххæстгæнæг директор Мафальда Дуартеимæ
Давит Сонгъулашвили фембæлд «Климат Грин»-ы фонды æххæстгæнæг директор Мафальда Дуартеимæ

Гуырдзыстоны æрдзы хъахъæд  æмæ хъæууон хæдзарады министр Давид Сонгъулашвили, Францы горæт Ниццæмæ кусæгон визиты рæстæджы,  климаты фонды (GCF) æххæстгæнæг директор Мафальда Дуартеимæ фембæлд. Уый фæдыл министрад  хъусын кæны.

Уагдоны  информацийæ, фарсытæ æруынаффæ кодтой цæугæ æмæ плангонд проекттыл, кæцытæ нысангонд сты Гуырдзыстоны климаты ивæндзинады негативон æндæвдад фæкъаддæр кæнынмæ.

«Гуырдзыстоны партнердзинад  (GCF) фондимæ райдыдта 2016 азы. Уæдæй фæстæмæ мах æххæст кæнæм къорд иумæйаг проекты алыгъуызон фадгуыты. GCF финанс кодта дыууæ националон проекты, цæмæй æххæстгонд æрцæуой климаты ивддзинæдты фæрогдæр кæныны æмæ адаптацийы мадзæлттæ Гуырдзыстоны, – расидтис Сонгъулашвили Давид.