Давит Нарманиа – декабры регулиргæнæг комиссийы бахъæудзæн ног тарифтæ сбæлвырд кæнын, фæлæ ацы уавæрæй æрдзон газыл тарифтæ рæзтмæ не нхъæлмæ кæсæм
Ацы уавæрæй æрдзон газы тарифтæ исты хуызы фæзынаргъмæ не нхъæлмæ кæсæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны энергетикæ æмæ донæввонгы регулиргæнæг национ комиссийы сæрдар Давит Нарманиа райхъусын кодта.
«Тарифты тыххæй исты информаци куы базонут, уæд уый регулиргæнæг комиссийы æнæмæнгæй хъуамæ сбæрæг кæнат, уымæн æмæ мах стæм уыцы уагдон, кæцы сбæлвырд кæны тарифтæ æмæ сеппæтæй хуыздæр зонæм, кæд æмæ цæй æнхъæл ис гæнæн уæм. Уый тыххæй, цæмæй цæугæ азы декабры фæуд кæны æртæазон тарифты æмгъуыд, регулиргæнæг комисийы бахъæудзæн ног тарифтæ сбæлвырд кæнын, фæлæ ацы уавæрæй æрдзон газы тарифты исты хуызы фæзынаргъмæ не нхъæлмæ кæсæм», – загъта Давит Нарманиа.