Давит Матикашвили – куыд сыл зыны афтæмæй, радикалтæ ситуаци фæкарз кæнын хъавынц, алы радикалæн дзурын, иу тымбылкъухы дзуаппæн уыл дæс сæмæбæлдзæн, ацы тæппуд æмæ мæнгард ми уын ничи ныббардзæн
Æстæм аз у закъондæттæг органы уæнг дæн, ацы къултæ мæ Кутаисы къултæ дæр бирæ фенæг сты, фæлæ уырнæг дæн, нæдæр мах æмæ нæдæр ам уæвæг оппозицийы минæвæрттæ нæ хъуыды кæнынц, исчи афтæ тæппудæй, мæнгард, лæгмæ куыд не мбæлы афтæ бахъуызыдаит раныхасгæнæгмæ æмæ йæ ныццавдтаит» – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» уæнг Давит Матикашвили райхъусын кодта.
Матикашвили комментари сарызта оппозиционер депутат Алеко Элисашвилийы æрдгæй парламентон фылдæрты лидер, Мамука Мдинарадзейы физикхон бафхæрдыл.
«Æнæхъæн боны дæргъы Элисашвили бадтис Илиа Чъавчъавадзейы номыл залы æмæ кастис Илиа ЧъавЧъавадзейы нывмæ æмæ дзы иу ныхас дæр не сдзырдта. Ацы факт йын йæ хъуыдыты Бербичъашвилийы архайды инспираци расайдта. Ахæм искуы фехъуыстаит?! Лæгмæ куыд не мбæлы, афтæ тæппуд æмæ мæнгард ми? Æз никуы федтон æмæ нæ хъуыды кæнын. Кæд сымах исты хъуыды кæнут уæд нын зæгъут. Ацы тæппуддзинадæн уыдис æмбæлгæ дзуапп. Æмæ мæ фæнд ацы радикалтæн зæгъын цæмæй арæхсгæйæ уæд. Бæрæг куыд у афтæмæй радикалтæ хъавынц ситуацийы фæкарз кæнын æмæ сызмæнтын. Элисашвилийы знон архайд уæд фæдзæхстæй æмæ цæвиттонæй алкæмæн. Иу тымбылкъух февзиддзыстут?! Дæс уыл сæмбæлдзæн дзуаппæн! Уый бадарут уæ зæрдыл. Нæдæр лисашвили æмæ нæдæр уæ уæлдай хъæртæ уыцы къурсæй нæ нæ раппардзæнис, кæцыйы «Картули Оцнеба» бæстæйы райрæзтæн систа. Хатыр ракурын у дзæбæх ми, фæлæ сымахæн уый уæ бон нæу. Ноды иу хатт, алы радикалæн дзурын, иу тымбылкъухæй нæм февзиддзыстут? Дзуаппæн уыл дæс сæмбæлдзæн. Ацы мæнгард æмæ тæппуддзинад уын ничи фæбардзæнис» – райхъусын кодта Матикашвили.