Давит Кацарава хъусын кæны, цæмæй оккупацион режим йæ дискредитаци скæнын архайы
Организаци «Тых иудзинады ис»-ы къухдариуæггæнæг Давит Кацарава оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. падздахадон æдасдзинады комитеты фидиуæн схуыдта йæ организацийы дискредитацийы архайдæй.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Давит Кацарава куыд фехъусын кодта уымæ гæсгæ, зæгъгæ гæдыдзинад у афтæдæр ахæлиугонд информаци, цæвыттон уый кæцыфæнды фидиуæны, оккупацион хаххы бæсты срæдыд ныхас «арæн».
«Мæхæдæг дæр федтон оккупацион режимы ацы фидиуæн æмæ уый у йæхихуызон аргълæвæрд мæ куыстæн. Ацы фидиуæны уыдон цыма махæй æппæлынц æмæ алцыппæт уый аразынц барæй, цæмæй мæхи æмæ мæ организацийы дискредитаци скæной æмæ уый активонæй архайы оккупацион режим. Куыд мæм кæсы, афтæмæй вæццæгæн æцæгдæр эффективон у нæ куыст оккупацион хаххы цур. Ацы фидиуæн дæр раст уый амонæг у. Фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй мах ныхасы рæстæджы загътам ныхас арæн, кæцы у ноджы иу цæвиттон, цæмæй куыд сайы оккуапцион режим. Мах никуы, иунæг ныхасы дæр никуы зæгътам, цæмæй уый у арæн æмæ пайда кæнæм ныхæстæй – оккупацион хахх. Раст æртæ аз у, срухс кæнæм, цы уавæр ис оккупацион хаххы цур æмæ архайæм, информиргонд уа дзыллæ хицауад цы æмбæхсы, уый фæдыл. Хъыгагæн, фæбæрæг ис, цæмæй хицауад комкоммæ колаборацийы ис Уæрæсеимæ æмæ реалонæй мах уый люстраци кæнæм. Уымæй серьозон дискомфорт аразæм куыд Уæрæсейæн æмæ оккуапцион режимæн, афтæ Гуырдзыстоны хицауадæн. Хицауад йæ æнархайдæй йæ къух аразы Уæрæсейæн, цæмæй ноджы атона зæххытæ æмæ уый фæдыл мах æргомæй ныхас кæнæм. Ноджы иу хатт дзурын, ацы фидиуæнæн йæ нысан у дискредитацидзинад. Реалонæй махæй æппæлгæйæ уый равдисын сæ фæнды цæвитон мах Уæрæсейæн æмæ оккупацион режимы пайдаджын куыст кæнæм, цæй зæгъын æй хæъуы реалонæй, бынтон ныхмæлæууæг у нæ куыст. Раздæр нæ уыцы режим критикæ кодта, хуыдтой нæ деструктивон тыхæй æмæ куырдтой цæмæй нæ снейтрализаци кодтаиккой, ныр та, куыд фæбæрæг, афтæмæй, фæивдтой тактикæ. Ацы фидиуæнæй сæ фæнды, тæлмæн фæзынын кæнын, цыма Уæрæсейы хъуыддаг аразæм æмæ ацы хъуыды ахæлиу кæной. Ноджы иу хатт дзурын, оккупацион хахх кæуылты цæуы, уыцы ран уыдзæн нæ къорд. Ноджы иу хатт зæгъын, бæрæг куыд у, афтæмæй оккупацион режим йæ тактикæ фæивдта», – райхъусын кодта Давит Кацарава.
Оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. паддзахадон æдасдзинады комитет хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад фæстаг периоды куылымпы кæны хæдбар æнæхицауадон организациты куыст, кæцы организацитæ, а.х. арæныл цæугæ процестты фæдыл объективон информаци самал кæнын архайынц.
А.х. æдасдзинады падзахадон комитеты банысан кодтой, цæмæй æнæхицауадон организаци «Дзала Эртобашиа»-ы (тых иудзинады ис) æмæ йæ къухдариуæггæнæг Давит Кацарава æххæст кодтой конструктивон куыст арæны алфамбылай районты уæвæг ситуаци срухс кæнын æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн «Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны» фæдыл æууæнкаг информаци бадæттынæн. Фидиуæны мидæг афтæдæр дзырдæуы, цæмæй социалон хызаг Фейсбукы Давит Кацарава публикаци скодта видео, кæцыйы мидæг гуырдзиаг интернетфæлхасгæнджытæн «цæстуынгæйæ равдыста бынатыл паддзахадон арæн ауадзыны хахх».