Давит Арахамиа – иттæг нысаниуæгджын хабар æрцыд, цыппар гуырдзиаг тæрхонгæнæгæн, АИШ санкцитæ сфидар кодта, уый у фæстаг рагфæдзæхст Бидзина Иванишвилийæн
Иттæг нысаниуæгджын хабар æрцыд, цыппар гуырдзиаг тæрхонгæнæгæн, АИШ коррупцийы хайадисты тыххæй санкцитæ сфидар кодта, уый у æппынфæстаг рагфæдзæхст Бидзина Иванишвилийæн, – уый фæдыл Давит Арахамиа телеграммканалыл ныффыста.
«Фæстаг рагфæдзæхст АИШ-æй олигарх Иванишвилийæн. Абон иттæг нысаниуæгджын хабар æрцыд. Цыппар гуырдзиаг тæрхонгæнæгæн фыццаг хатт АИШ коррупцийы бастдзинады тыххæй санкцитæ сфидар кодта. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у фæстаг рагфæдзæхст Бидзина Иванившилийæн, кæцы алы сырх хаххыл ахызти æмæ æнæзакъононæй контрол кæны Гуырдзыстоны хицауад. Бирæ хатт уæ бафæдзæхстам, цæмæй ацы хъуыддагæн дзæбæх кæрон нæ уыдаит. Фыццаг хат нæм нæ байхъуыстой. Ныфс мæ ис ерын уæддæр байхъусдзысты. Бакой уын кæндзынæн, цæмæй мах сын бадæттам информаци Иванишвилийы хæстæг бизнес-зылды фæдыл, кæцы йæ структуридзинадæй уырыссæгтæн санкциты иуварс ацыды æххуыс кæны. Хъуыды кæнын, цæмæй æввахс фидæны ацы æрдæмадæй дæр гæнæн ис æнхъæлмæ кæсæм санкцйитæм», – фыссы Давит Арахамиа.