Давид Залкалиани кусын адардæр кæндзæн АИШ-ы Гуырдзыстоны æххæстбарджын минæварæй
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты раздæры министр Давит Залкалиани йæ куыст адарддæр кæндзæн АИШ-ы Гуырдзыстоны æххæстбарджын минæварæй. Уый фæдыо райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили.
Гъарибашвили Залкалианийæн министрæй кусыны периоды сыххæст куысты тыххæй раарфæ кодта.
Залкалианийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæджы постыл фæивдта Илиа Дарчиашвили.